Фондз мин адæймаджы æрсимдтой Хетæджы Къохы

© Sputnik / Анна КабисоваСимд Хетӕджы Къохы
Симд Хетӕджы Къохы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иууыл кадджындæр националон бæрæгбæттæй иу банысан кодтой Цæгат Ирыстоны

ЦХИНВАЛ, 10 июл — Sputnik. Фондз мин адæймагæй фылдæр æркафыдысты симд Хетæджы Къохы, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы пресс-службæ.

Ирон бæрæгбæттæй стырдæр — Хетæджы бон ацыд ивгъуыд улæфт бонты Цæгат Ирыстоны. 20 мин адæймагæй фылдæр — фаронæй дыууæ хатты фылдæр — æрæмбырд ис Хетæджы Къохмæ.

Президент акафыд симд Хетæджы Къохы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент акафыд симд Хетæджы Къохы

Традицимæ гæсгæ, Хетæджы Уастырджимæ скуывтой куырыхонтæ, уый фæстæ Цæгат Ирыстон—Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфæ кодтой Ирыстоны цæрджытæн бæрæгбоны фæдыл.

"Ацы бон æппæт зæххыл цæрæг ирон адæм Дунескæнæгмæ кувынц райгуырæн бæстæйы размæцыд æмæ сабырадыл, хистæрты æнæниздзинад æмæ кæстæрты амондыл. Ирон адæмимæ иумæ бæрæгбон нысан кæнынц республикæйы цæрæг æндæр нациты минæвæрттæ. Уадз æмæ дарддæр дæр Ирыстоны цард цæуа хæлар æмæ сабырæй. Фарн æмæ бæркад уæд Ирыстоны", — загъта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг.

"Абон у стыр бæрæгбон Ирыстоны, цæгаты дæр æмæ хуссары дæр кувынц Хетæгмæ, æрцæуынц ацы сыгъдæг къохмæ, цæмæй бафæдзæхсой се ʻввахс адæмы æмæ кæстæрты. Фехъуысæд йæм нæ куывдтытæ æмæ алкæцы бинонтæ дæр хайджын уæд фæрныгадæй. Ацы куывдтытæ абон иу кæнынц æппæт Ирыстоны", — загъта РХИ президент Бибылты Анатолий.

Ирыстоны кадджындæр бæрæгбæттæй иу — Сыгъдæг Хетæджы бон нысан цæуы июлы дыккаг хуыцаубоны. Бæрæгбонон мадзæлтты сæйраг бынат у Хетæджы Къох.

1994 азæй Хетæджы Бон нысан цæуы Ирыстоны цæгаты æмæ хуссары дæр куыд æппæтадæмон бæрæгбон.

Ног хабӕртты лентӕ
0