Мæскуыйы ссардзысты 2008 азы гуырдзиаг агрессийы амæттæгты рухс нæмттæ

© Sputnik / Ада БагианПамятные мероприятия на 7 годовщину войны 0808
Памятные мероприятия на 7 годовщину войны 0808 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Чырысти ирвæзынгæнæджы аргъуаны Мæскуыйы 8 августы ауадздзысты панихидæ гуырдзиаг агрессийы фæмардуæвджыты номарынæн

ЦХИНВАЛ, 31 июл — Sputnik. Хуссарирыстойнаг минæварады Уæрæсейы ссардзысты 2008 азы гуырдзиаг агрессийы амæттæгты рухс нæмттæ. Мысæн  мадзæлттæ  райдайдзысты Мæскуыйы 7 августы, фехъусын кодтой Sputnik дипломатон уагдоны пресс-службæйы.

Август 2008, куыд райдыдта хӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Август 2008. Афтæ райдыдта хӕст

Гуырдзыстойнаг ӕфсад Хуссар Ирмӕ райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Хæстон архæйдтытæ адарддæр сты фондз боны æмæ фесты агрессоры тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операцийæ. Агрессийы фæстиуæгæн фæмард сты 380 адæймаджы, уыдон нымæцы уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхтæ. Ныппырх ис Хуссар Ирыстоны столицæйы фылдæр хай, афтæ ма цалдæр цæрæн пункттæ.

"7 августы 19:00 сахатыл минæварады территорийыл æркъул кæндзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны тырыса. Фыдохы акцийы хайадисджытæ ссудздзысты цырæгътæ æмæ иу уысм æдзæмæй алæугæйæ ссардзысты фæмардуæвджыты рухс нæмттæ", — загътой минæварады.

8 августы 11:00 сахатыл Чырысти Ирвæзынгæнæджы Аргъуаны (Дæллаг Аргъуаны) Мæскуыйы ауагъд æрцæудзæн панихидæ гуырдзиаг агрессийы рæстæджы Хуссар Ирыстоны фæмардуæвæг сабыр цæрджыты, Цхинвалы хъахъхъæнджытæн, Фидауынгæнæг тыхты ирон æмæ уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæн, уæрæсейаг æфсады солдаттæ æмæ офицерты номарынæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0