Цæгатирыстойнаг сылгоймагæн стæрхон кæндзысты ӔФС-ы кусæгæн гæртам раттыны тыххæй

© Sputnik / Сергей Венявский /  Ахизын медиабанкмæБорьба с преступностью
Борьба с преступностью - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзæуджыхъæуы цæрæг сылгоймаг радта 500 мин сомы бæрц гæртам Цæгат Ирыстоны ӔФС-ы кусæгæн

ЦХИНВАЛ, 4 авг — Sputnik. Цæгат Ирыстоны цæрæгæн стæрхон кæндзысты ӔФС-ы кусæгæн гæртам раттыны тыххæй, хъусын кæны Градус Осетии.

Цæгат Ирыстоны прокуратурæ сфидар кодта тæрхон Дзæуджыхъæуы 51-аздзыд цæрæг сылгоймаджы ныхмæ, кæцыйы азым кæнынц "бæрнон адæймагæн егъау бæрц гæртам раттыны тыххæй".

МВД - Sputnik Хуссар Ирыстон
МХМ-ы радзырдтой Цхинвалы цæрæджы адавыны фæдыл равзæрсты цыды тыххæй

"Сылгоймаг йæхæдæг радта 500 мин сомы бæрц гæртам Уæрæсейы ӔФС-ы управленийы кусæгæн, цæмæй сылгоймаджы æмæ æндæр гоймæгты ныхмæ оперативон-агуырдон мадзæлттæ нылæууын кæной", — дзырдæуы хъусинаджы.

Ведомствæйы информацимæ гæсгæ, уый спайда кодта йæ кусæгон бынатæй, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæн цæрæнуæттæ рахицæн кæныны программæйы фæдыл æнæзаконон фиддонтæ райсыны тыххæй.

Ӕхцайы фæрæзтæ раттыны фæстæ сылгоймаджы æрцахстой ӔФС-ы кусджытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0