Хуссар Ирмæ фæуазæг сты проект "Хæлардзинады маяктæ"-йы архайджытæ

© Sputnik / Фатима ПлиеваУчастники проекта "Маяки дружбы" приехали в Южную Осетию
Участники проекта Маяки дружбы приехали в Южную Осетию - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон, дагестайнаг æмæ уæрæсейаг фæсивæды къорд "Горцы" æрбынат кæндзысты Хъеуселты хæххон базæ "Дзедо"-йы, архайдзысты ацы комы мæсыджы хæрзарæзтадыл, сфидар кæндзысты хæларадон ахастытæ хуссарирыстойнаг фæсивæдимæ

ЦХИНВАЛ, 6 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстонмæ фæуазæг сты æхсæнадæмон проект "Хæлардзинады маяктæ. Кавказы мæсгуытæ"-йы хайадисджыты иу къорд "Горцы". Уæрæсейаг æмæ дагестайнаг фæсивæд фондз боны дæргъы зонгæ кæндзысты ирон æгъдæуттæ æмæ традицитимæ, бацархайдзысты Хъеуселтгомы мæсыджы хæрзарæзтадыл, сфидар кæндзысты хæлардзинады тæгтæ ирон фæсивæдимæ.

Жанна Зассеева и Петр Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры равзæрстой сæ хайадисджыты проект "Хæлардзинады маякты"

Къордыл хуыцаубоны изæры ирон æгъдаумæ гæсгæ сæмбæлдысты Ручъы. Уазджыты раз сæ арæхстдзинад равдыстой Дзауы районы культурæйы дæлбар сфæлдыстадон коллективтæ. Æртæ уæлибых æмæ бæгæныйæ скуывтой Хуыцаумæ, зæдтæ æмæ дзуæрттæн бафæдзæхстой сæхи, æмрæстæджы организатортæ уæрæсейаг æмæ дагестайнаг фæсивæды зонгæ кодтой ирон фынджы æгъдæуттимæ.

Проект "Хæлардзинады маяктæ. Кавказы мæсгуытæ"-йы Хуссар Ирыстон æмæ Дагъистаны къорд "Горцы" æрбынат кæндзысты Ирыстоны рæсугъддæр бынæттæй иуы — Хъеуселты комы улæфæн база "Дзедо"-йы. Проекты ирон-уæрæсейаг-дагестайнаг къорд йæ архайд райдыдта Дагъистаны республикæйæ, уым сæндидзын кодтой дыууæ мæсыджы — Преображенаг редуттæ æмæ хъæу Мунийы мæсыг.

© Sputnik / Плиты ФатимаХуссар Ирмæ фæуазæг сты проект "Хæлардзинады маяктæ"-йы архайджытæ
Хуссар Ирмæ фæуазæг сты  проект Хæлардзинады маяктæ-йы архайджытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирмæ фæуазæг сты проект "Хæлардзинады маяктæ"-йы архайджытæ

"Дагъистаны бацархайдтам Преображенаг редуттæ æмæ хъæу Мунийы мæсыджы хæрзарæзтадыл, бафснайдтам сæ алыварс территоритæ. Хуссар Ирыстоны æххæст кæнæм проекты дыккаг смена, ныр та ам нæ хъусдард аздахдзыстæм Ирыстоны æнусон мæсыджы уавæрмæ", — радзырдта къорд "Горцы"-йы командир Гасанов Айхан.

Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир бангом уыдзӕн проектмӕ "Хӕларады маяктӕ. Кавказы мӕсгуытӕ"

Проект "Хæлардзинады маяктæ. Кавказы мæсгуытæ" нывонд у Уæрæсейы адæмты æхсæн хæларадон ахастытæ сфидар кæнынæн, культурон-историкон бынтæ бахъахъхъæныны проблемæтæм хъусдард аздахынæн æмæ туристон фадæтты равдисынæн. Къорд "Горцы"-йы архйаджытæй бирæтæ фыццаг хатт æрæфтыдысты Хуссар Ирыстонмæ æмæ æмткæй Кавказмæ дæр.

"Фæсивæдæн бантыст æмрæстæджы улæфын дæр æмæ кусын дæр. Цæуæм экскурситы, зонгæ кæнæм националон къæбицты хæринæгтимæ. Дагъистаны бабæрæг кодтам рагон горæттæ, нæхи ныннадтам Къаспы денджызы. Хуссар Ирыстоны ныл куыд сæмæлдысты, уый ныфс дæтты ам дæр райгондæй кæй баззайдзыстæм", — загъта къорды пресс-секретарь Кожевникова Наталия.

Проект "Хæлардзинады маяктæ. Кавказы мæсгуытæ" цæуы Цæгат Кавказы регионтæй асты. Арæзт æрцыд цыппар регионалон къорды: Дагъистан — Хуссар Ирыстон, Цæцæн — Хъæрæсе-Черкес, Мæхъæл — Кæсæг-Балхъар, Цæгат Ирыстон — Адыгей.

Ӕдæппæт проекты архайы 80 адæймаджы, се ′мбис — мæскуыйаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты студеттæ, аннæ æмбис та — хайадисæг-республикæты фæсивæды минæвæрттæ.

"Уæрæсейы 164 милуан цæрæгæй абон Кавказмæ æрцыд 80 адæймаджы, уыдон сæхи æмвæзадыл тауынц хæлардзинады тæгтæ Хуссар Иры, Хъæрæсе-Черкесы, Кæсæг Балхъары. Ӕз архайдзæн ацы проект дарддæр кæныныл, цæмæй райса æппæтуæрæсейон масштаб æмæ кæд бахъæуа, уæд æппæтдунейон дæр", —  загъта проекты автор æмæ къухдариуæггæнæг, уæрæсейаг журналист Руслан Гусаров.

Куыстытæ сæххæст кæныны, фæстиуджытæ саразыны æмæ сæхгæныны церемонийы фæстæ студенттæ райсдзысты хайад æхсæнадæмон фæсивæдон форум "Машук"-ы, цы ран хайадисджыты размæ рахæсдзысты сæ проект.

Ног хабӕртты лентӕ
0