Зæгъойты Алан раргом кодта, йæхицæй райгонд кæй нæу

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæИгрок сборной России Алан Дзагоев
Игрок сборной России Алан Дзагоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зæгъойты Алан йæ интервьюйы радзырдта физикон уавæры тыххæй æмæ куыд цæттæ кæны йæхи травмæйы фæстæ

ЦХИНВАЛ, 7 авг — Sputnik. ӔЦСК-ы æрдæгхъахъхъæнæг Зæгъойты Алан йæ интервьюйы клубы пресс-службæйæн радзырдта, йæхи куыд цæттæ кæны травмæйы фæстæ, дзырдæуы сайт Чемпионатыл.

"Раст зæгъгæйæ, нырма мæхицæй райгонд нæ дæн. Кондицитæ нырма оптималон не сты, бирæ фæхъуыды кæнын пурти райсгæйæ", — загъта Зæгъойты Алан.

ӔЦСК-ы æрдæгхъахъхъæнæджы ныхæстæм гæсгæ, хъуыдыкæнынады цæрдæгдзинад æрцæуы хъæзтытимæ, æндæр фæндаг ам нæй.

Зӕгъойты Алан, ирон футболист - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зæгъойты Алан бацыд Уæрæсейы æмбырдгонды скондмæ Конфедерациты Кубокыл

"Нæ басусæг кæндзæн, æнæхъæнæй ивгъуыд сезон ферох кæнын нырма мæ бон нæу, уымæн æмæ нæ хъазыдтæн æрдæг азы бæрц. Фæлæ мын ис оптимистон ахаст фидæнмæ кæсгæйæ. Раздæр дæр иу æххæст кодтон индивидуалон куст тренировкæты фæстæ, фæлæ ныр базыдтам медицинон проблемæтæ иууылдæр æмæ аразын æрмæстдæр мын цы хæслæвæрдтæ сты рекомендацигонд, уыдон", — загъта Алан.

Зæгъойты Алан комкоммæ æххæст кæны клубы дохтырты æмæ сербиаг физиотерапевты рекомендацитæ, кæцыимæ куыста фæстаг рæстæджы.

"Ныфс мæ ис, проблемæтæ иууылдæр кæй аззадысты фæстейæ", — загъта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0