Стамбулы кæронмæ бахæццæ ирон бæгæныйы фестиваль

© Sputnik / Алексей КовалевНочь в музее
Ночь в музее - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фестиваль-конкурс "Ирон бæгæны-2017"–ы финал ацæудзæн октябры Дзæуджыхъæуы

ЦХИНВАЛ, 7 авг — Sputnik. Турчы кæронмæ бахæццæ ирон бæгæныйы фестиваль "Ирон бæгæны-2017", хъусын кæны 15 регион.

Мадзалы организатортӕ сты РЦИ-А культурӕйы министрад, Традицион культурӕ ӕмӕ этнотуризмы республикон центр "Фарн", компани "Бавария"-йы генералон спонсорон ӕххуысӕй.

Ирон бӕгӕныйы фестиваль - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон бӕгӕны Къостайы хъӕуы

Алы ӕмӕ алы карты 13 хайадисӕджы — Турчы ирон диаспорӕйы минӕвӕрттӕ равдистой сӕ арæхстдзинад ирон традицион нозт бахсидыны хъуыддаджы.

Хуыздæр бæгæны æвзæрстой "гуырм дегустацийы" руаджы. Ӕвзæрсты критерийтæ уыдысты цалдæр: хуыз, ад, карздзинад æмæ будтæф.

Хъæлæскæнынады фæстиуджытæм гæсгæ хуыздæрыл нымад æрцыд Чеджемты Ремсияйы арæзт бæгæны. Уый кусы хæринагаразæгæй Стамбулы ирон ресторанты хызæджы æмæ йын ацы фестиваль ссис дебютон. Ныр уæлахиздзау йæхи цæттæ кæны финалмæ, кæцы ацæудзæн октябры Цæгат Ирыстоны.

"Бæрæгбонон мадзал уагъд цыд Стамбулы культурон центры — "Трамп-таэер"-ы базарадон фæзуатыл, цы ран æрбамбырд 600 адæймагмæ æввахс. Уазджытæн арæзт æрцыд сæрмагонд концертон программæ цæгатирыстойнаг хореографион коллективтæ æмæ вокалистты хайадистæй. Афтæ ма Кавказы адӕмты националон дарӕсы равдыст, кӕцыты сцӕттӕ кодтой компани "Изольда"-йы хуыйджытӕ, æмæ ма националон сувенирон продукци ӕмӕ декоративон предметты равдыст", — дзырдæуы хъусинаджы.

Ӕхсæнадæмон фестиваль "Ирон бæгæны" фыццаг хатт арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны. Ацы конкурс саразыны хъуыды фæзынд компани "Бавария"-йы минæвæрттæм. Хъæппæрисы фарс активонæй рахæцыд Цæгат Ирыстоны культурæйы министрад, цæй фæстиуæгæн мадзал фæуæрæхдæр кодта йæ географи æмæ масштаб. Ӕрвылаздæр конкурсы хайад райсынц цалдæр сæдæ сылгоймаджы, кæцытæ ерыс кæнынц хуыздæр бæгæныхсидæджы номыл. Традицион æгъдауæй æвзæрстон этаптæ ацæуынц республикæйы алы районты, бæстæйы цалдæр регионы, Хуссар Ирыстоны, æмæ ныр Турчы дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0