Цæгатирыстойнаг ирвæзынгæнджытæ ссисты æртыккæгтæ "Кавказы Кубок"-ы

Рафыссын
Цæгаткавказаг æмæ Хуссар федералон зылдты ирвæзынгæнæн командæтæй 18 тох кодтой агурæн-ирвæзынгæнæн дæлхайæдты ирвæзынгæнджыты ерысты - "Кавказы Кубок"-ы, кæцытæ ацыдысты Мæхъæлы

ЦХИНВАЛ, 7 авг — Sputnik. Цæгатирыстойнаг ирвæзынгæнджытæ бацахстой æртыккаг бынат "Кавказы Кубок"-ы ерысты, хъусын кæны республикæйы УУМ-ы пресс-службæ.

Ирвæзынгæнджытæ ссардтой дзæуджыхъæуккаг туристты Эльбрусыл

Ерысты рæстæджы хайадисджытæ равдыстой сæ арæхстдзинад агурæн-ирвæзынгæнæн куыстытæ уадзыны — доны объектты зианбаййафджытæн æххуыс кæныны, хæхты "туристтæн", зæйты бын бахауæг адæмы ирвæзын кæныны.

Ерыстæ уагъд цæуынц ирвæзынгæнджыты цæттæдзинад æмæ профессионалон æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны нысанæн.

Иумæйагкомандон бахыгъды фыццаг бынат бацахста Уæрæсейы УУМ-ы Дагестайанга агурæн-ирвæзынгæнæн дæлхайад. Дыккаг бынат та командæ Кубань-СПАС.

Ног хабӕртты лентӕ
0