Бибылты Анатолий фембæлд уæрæсейаг æфсæддон уæлдæр ахуырадон уагдæтты рауагъдонтимæ

© Пресс-служба президента РЮОАнатолий Бибилов встретился с выпускниками российских военных учебных заведений
Анатолий Бибилов встретился с выпускниками российских военных учебных заведений - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий раарфæ кодта æрыгон офицертæн ахуыр каст фæуыны фæдыл æмæ сын йæ зæрдæ загъта æфсæддон хæсы æнтыстджын сæххæст райгуырæн зæххыл.

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембæлд уæрæсейаг æфсæддон уæлдæр ахуырадон уагдæтты рауагъдонтимæ, кæцытæ æрцыдысты республикæйы Гарзджын тыхты службæ хæссыны тыххæй, хъусын кæны президенты пресс-службæ.

Фембæлды райста хайад РХИ хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим.

Президент радзырдта Хуссар Иры ӕфсады фидӕны тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент радзырдта Хуссар Иры ӕфсады фидӕны тыххӕй

Бибылты Анатолий раарфæ кодта æрыгон офицертæн ахуыр каст фæуыны фæдыл æмæ сын йæ зæрдæ загъта æфсæддон хæсы æнтыстджын сæххæст райгуырæн зæххыл.

"Уæ фидæн у баст Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтимæ, æмæ Гарзджын тыхты фидæн та баст у цы зонындзинæдтæ райстат, уыдонимæ æмæ мæ ныфс ис æфсады æмвæзад кæй бæрзонддæр кæндзæн уæ фæрцы", — загъта Бибылты Анатолий.

Уый бацымыдис кодта æрыгон специалисттæм, цы ахуырадон уагдæттæ фесты каст æмæ дарддæр куыд хæсдзысты сæ службæ.

Гассеты Ибрагимы ныхæстæм гæсгæ, 11 офицерæй ныридæгæн кæй хæссынц службæ РХИ хъахъхъæнынады министрады.

"Дыууæйæ дзы ныридæгæн сты ифтонг куыстæй, снысан сæ кодтой ахуырадон ротæйы командиртæй. Ныр министрады уагъд æрцæудзæн ротаци, офицертæй чидæртæ ацæудзысты пенсийы æмæ сентябры аннæ рауагъдонтæ дæр æрцæудзысты куыстифтонг", — загъта Гассеты Ибрагим.

Уый банысан кодта, уыдонæй кæйдæрты кæй фæнды службæ уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæйы хæссын, РХИ æмæ УФ-йы æхсæн бафыстгонд разыдзинадмæ гæсгæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0