Ӕвзӕрстыты хӕдразмӕ ЦИ ЦӔК-ы сӕрдары хӕдивӕг ацыд йӕ бынатӕй

© Анна КабисоваЗаседание ЦИК Северной Осетии
Заседание ЦИК Северной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны политикон партитӕ цӕттӕ сты адӕмы агитаци кӕнынмӕ Республика Цӕгат Ирыстон – Аланийы 6-ӕм ӕрсидты депутатон ӕвзӕрстыты размӕ, кӕцытӕ ацӕудзысты 10 сентябры 2017 азы.

ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik, Къӕбысты Анна. Цӕгат Ирыстоны Централон ӕвзарӕн къамисы сӕрдары хӕдивӕг Хъараты Тимур сӕрибар ӕрцыд йӕ бынатӕй. Уый тыххӕй рабадты рӕстӕджы фехъусын кодта ЦӔК-ы сӕрдар Моргуаты Жанна.

Московский Кремль - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кремлы райгонд сты Хуссар Ирыстоны ӕвзӕрстыты цыдӕй

Цӕгат Ирыстоны парламентон ӕвзӕрстыты спайда кӕндзысты QR-кодированиейӕ

Уымӕй дарддӕр ма рабӕрӕг ис, Дзӕуджыхъӕуы территориалон къамистӕй иуы уӕнгтӕй 6 ныффыстой куырдиӕттӕ скондӕй рахизыны фӕдыл. Стӕй ма йӕ бынатӕй ссӕрибар кодтой уыцы ӕвзарӕн фадыгы къамисы сӕрдар ӕмӕ йӕ 8 уӕнгы.

Владикавказ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Ирыстон ӕрбавдыста Кавминмӕ 10 млрд сомы аргъ 20 проекты

Централон ӕвзарӕн къамисы рабадты фидар ӕрцыд ӕвзарӕн бюллетены бланк. Уыдзӕн дзы 9 партийы.

Центрӕвзарӕнкомы ма сарӕзтой халӕппӕрст телеуынынады ӕмӕ газетты ӕнаргъ бынаты фӕдыл.

Моргуаты Жанна ма журналисттӕн радзырдта ӕвзӕрстыты рӕстӕджы цы ногдзинӕдтӕ уыдзӕн уыдӕттыл. Афтӕ фыццаг хатт бюллетеньты спайда кӕндзысты QR-кодтӕй, афтӕ ма хъæлæсдæттыны процесс ӕппӕт ӕвзарӕн фадгуыты цӕудзӕн видеоцӕстдарды бын.

Ног хабӕртты лентӕ
0