Кавказы хохы дыууæ цъуппæн ратдзысты Беслæны бæллæхы ирвæзынгæнджыты нæмттæ

© Sputnik / Дзерасса БиазартиДрево скорби в Беслане
Древо скорби в Беслане - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Беслæны фыццæгæм скъолйы 13 азы размæ æрцæугæ трагедийы бабынуæвæг ирвæзынгæнджытæ Дмитрий Кормилин æмæ Валерий Замараевы нæмттæ ратдзысты Кавказы æфцæгыл денджызы æмвæзадæй 3649 æмæ 3585 метры уæлвонг бæрзæндтæн

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik. Беслæны фыццæгæм скъолайы æрцæугæ трагедийы мысæн мадзæлтты хæдразмæ Цæгат Ирыстоны парламент сразы ис Кавказы хохы дыууæ æнæном бæрзæндæн 2004 азы бæллæхы фæмардуæвæг ирвæзынгæнджыты нæмттæ раттыныл, хъусын кæны газет "Слово".

Турчы фæзынд Беслæны зæдты къох - Sputnik Хуссар Ирыстон
Турчы фæзынд "Беслæны зæдты къох"

Беслæны фыццæгæм скъолайы 13 азы размæ æрцæугæ трагедийы бабынуæвæг ирвæзынгæнджытæ Дмитрий Кормилин æмæ Валерий Замараевы нæмттæ ратдзысты Кавказы æфцæгыл денджызы æмвæзадæй 3649 æмæ 3585 метры уæлвонг бæрзæндтæн.

"Цæгат Ирыстоны парламент хъусын кæны Алагиры районы цæрджытæн, Кавказы хохы рагъы дыууæ æнæном бæрзæндæн "Кормилин Д.И." æмæ "Замараев В.В." нæмттæ раттыны хъуыддаг нæ расайдзæн уæлæмхас хæрдзтæ. Дзырд цæуы денджызы æмвæзадæй 3649 æмæ 3585 метры бæрзæндтыл, кæцытæ сты хох Тъеплемæ хæстæг æмæ хауынц Алагиры районмæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Мæскуыйæ æрвыст ирвæзынгæнæг- дæлдондзог Дмитрий Кормилин хорзæхджын æрцыд Хъæбатырдзинады орденæй. Беслæны трагедийы уый йæ цардыл æнæауæрдгæйæ бааууон кодта йæ æмкусæджы. Ӕмрæстæджы уым уæззау цæфтæ райста йæ æмкусæг Валерий Замараев дæр. Цæфтæм æнæкæсгæйæ уый бахатыд фыццаг фервæзын кæнын сывæллæтты æмæ тагъд æххуысы машинæйы фæмард бирæ туг кæй фесæфта, уый аххосæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0