Бибылты Анатолий бахаста фæндон ахуыры азы райдиан аргъæвын

© Пресс-служба президента РЮОКонференция минобразования
Конференция минобразования - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Беслӕны 1-ӕм скъолайы 2004 азы террористтӕ амытӕнты систой æмæ æртæ боны æнæ дон æмæ хæрдæй дардтой ахуыргӕнджытӕ, ахуырдзаутӕ ӕмӕ сӕ ныййарджыты

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахаста фæндон ног ахуыры азы райдиан республикæйы аргъæвын 4 сентябрмæ, Беслæны трагедийы амæттæгты ном арынæн Фыдохы боны тыххæй. Уый тыххæй паддзахады сæргълæууæг фехъусын кодта æрвылазон педагогон конференцийы рæстæджы æртыццæджы.

Акция памяти жертв бесланской трагедии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Беслӕны фӕстӕ 1 сентябрь Ирыстоны бӕрӕгбон нал у

"Ӕз разы дæн ацы скъуыддзагимæ, кæцыйыл мах уынаффæ кодтам уый размæ. Беслæны амæттæгты тыххæй Фыдохы бон у 3 сентябрь, фæлæ махæн ацы трагикъон бон баст у зонындзинæдты бонимæ, уымæн æмæ ацы бон æрцыд трагеди. Куыд президент, афтæ мæ бон у ацы бонтæ фыдохы бонтæй снысан кæнын æмæ разы дæн уыимæ, фæлæ мæ фæнды, цæмæй ахуырады министрады кусджытæ ацы фарст аскъуыддзаг кæной иумæйагæй", — загъта Бибылты Анатолий.

Беслӕны 1-ӕм скъолайы 2004 азы террористтӕ амытӕнты систой ахуыргӕнджытӕ, ахуырдзаутӕ ӕмӕ сӕ ныййарджыты. Ӕртӕ боны хъизӕмӕртты фӕстӕ аскъуыддзаг тыхст адӕмы хъысмӕт — тыхон структурӕтӕ бӕстыхай систой штурмӕй. Ацы трагеди ахаста 334 царды, уыдонӕн сӕ фылдӕр уыдысты ӕнахъом сабитӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0