Йæ цардæй ахицæн Хъантемыраты Мухтарбег

Рафыссын
Уæрæсейы адæмон артист амард 84-аздзыдæй

ЦХИНВАЛ, 31 авг — Sputnik. Уæрæсейы адæмон артист, бæхджын театры бындурæвæрæг, кино æмæ цирчы артист Хъантемыраты Мухтарбег йæ цардæй ахицæн 84 азы кары.

Уый райгуырд 1934 азы 18 февралы цирчы профессионалон барджыты бинонты хсæн. Уыд Мæскуыйы бæхджын театр "Каскадер"-ы аивадон къухдариуæггæнæг. Йæ фыд Хъантемыраты Али-Бекæй райдыдта зындгонд барджыты династи, уый сарæзта Уæрæсейы зындгонд бæхджын цирк "Джигиты Осетии".

Фæстаг æзты Хъантемыраты Мухтарбег арвыста Мæскуыйы. Йæ хæстæджыты ныхæстæм гæсгæ, уый фæндыд, цæмæй йæ "бавæрой йæ райгуырæн бæстæйы — Ирыстоны йе 'фсымæры цур".

Ног хабӕртты лентӕ
0