Турчы сæвæрдтой цырт Беслæны амæттæгтæн

© Газета "Слово"Турчы сæвæрдтой цырт Беслæны амæттæгтæн
Турчы сæвæрдтой цырт Беслæны амæттæгтæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арт-объект уыдзæн арæзт хызæджы хуызы æфсæйнаг трубæтæй. Йæ астæутыл цæудзæн дон, фæлæ йæм баххæссæн нæ уыдзæн

ЦХИНВАЛ, 1 сен — Sputnik. Цæгатирыстойнаг сфæлдыстадон лаборатори "Портал"-ы хайадисджытæ, кæцытæ сæххæст кодтой 4000 км дæргъæн велозгъорд Туркмæ, сæвæрдтой цырт Беслæны трагедийы амæттæгтæн, хъусын кæны РИА Новости.

Турчы фæзынд Беслæны зæдты къох - Sputnik Хуссар Ирыстон
Турчы фæзынд "Беслæны зæдты къох"

"1700 километры, 5 кг электродтæ, 200 сахаты куыст, 110 кг мрамор, 3 тонны базальт. Афтæ портал ссардта Беслæны трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ. Ацы проект сырæзт Турчы ирæттæ æмæ нын Ирыстонæй чи баххуыс кодтой, уыдон фæрцы. Хъуыддаг сырæзт. Иумæ уæм!", — хъусын кæнынц "Порталы" хайадисджытæ сæ Instagram.

Цырт сæвæрдтой ирон хъæу Poyrazli трагикон цауæн нывонд къохы. Йæ сæвæрынæн сын баххуыс кодтой бынæттон дæснытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0