Гасситы Мурæт æрыздæхт хæдзармæ: Ирыстон куыд сæмбæлд чемпионыл

© "15-Й РЕГИОН"Гасситы Мурæт æрыздæхт хæдзармæ
Гасситы Мурæт æрыздæхт хæдзармæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон боксер Гасситы Мурæт рахызт Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы æрдæгфиналмæ. Ӕрдæгфиналы уый нокаутæй фæуæлахиз польшæйаг Кшиштоф Влодарчикыл

ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. IBF версимæ гæсгæ дунейы чемпион Гасситы Мурæт 24 октябры æрыздæхт Ирыстонмæ. Беслæны аэропорты чемпионыл сæмбæлд ахадгæ делегаци Цæгат Ирыстоны къухдариуæгады минæвæрттæй, æхсæнадон архайджытæй, журналисттæ æмæ республикæйы цæрджытæй.

Цхинвалы ацыд мотозгъорд Гасситы Мурæты уæлахизы цытæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ацыд мотозгъорд Гасситы Мурæты уæлахизы цытæн

Традицимæ гæсгæ, чемпионыл сæмбæлдысты æртæ уæлибых æмæ бæгæныйы нуазæнимæ. Чемпион загъта, фурды аннæ фарсæй дæр кæй æнкъардта, куыд æнхъæлмæ кæсынц йæ уæлахизмæ хæдзары.

"Ӕз дæн æгæрон бузныг ме ′мзæххонтæн, нæ иугонд Ирыстонæн. Ацы фарсхæцыд мын тынг баххуыс кодта. Влодарчик у фæлтæрдджын спортсментæй иу. Ӕз райдианы мæхи цæттæ кодтон 12 раундмæ, фæлæ спайда кодтон шансæй. Ныр чысыл мæ фæллад суадздзæн. 10 бон уыдзæн Ирыстоны, фембæлдзæн ме ′мгæрттимæ æмæ хиуæттимæ, уый фæстæ атæхдзæн фæстæмæ. Дарддæр цæттæ кæндзæн мæхи", — хъусын кæны чемпионы ныхæстæ 15 Регион.

Ног хабӕртты лентӕ
0