Хуссар Ирыстоны таможнæ фæфылдæр кодта бюджет 50 милуан сомы бæрц

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæӔхцайы купюрæтæ
Ӕхцайы купюрæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Таможнæйы фиддонты æмбырд ацы аз фæфылдæр ис дыууæ хатты

 ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik. Æнæххæст афæдзмæ Хуссар Ирыстоны таможнæйон комитет бахаста республикæйы бюджетмæ 50 милуан сомæй фылдæр, фехъусын кодта пресс-конференцийы рæстæджы Цхинвалы ведомствæйы сæргълæууæг Цхуырбаты Мурæт.

Президент Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий зонгæ у УФ æмæ РХИ æхсæн таможнæйы проблемæтимæ

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фароны ацы периоды комитет бахаста паддзахадон бюджетмæ æрмæстдæр 26 милуан сомы.

"Фиддонты фæфылдæрæн ахъаз уыдысты контролы гъæды фæхуыздæр æмæ æрбаласгæ уæргътæн документтæ исын. Амалиуæггæнджытæ активонæйдæр райдыдтой ласын базайрæгтæ рсепубликæмæ. Ӕмрæстæджы таможнæйон фиддонтæ нæ фæбæрзонддæр сты", — загъта Цхуырбаты Мурæт.

Ӕдæппæт Хуссар Ирыстоны ис дыууæ таможнæйон пункты.

Ног хабӕртты лентӕ
0