Цæгат Иры ахуырады раздæры министр ссис "Афæдзы адæймаг-2017"

© сайт СКФОАлина Левитская
Алина Левитская - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Премийы лауреатты схорзæх кæныны церемони ацæудзæн Мæскуыйы

ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik. Цæгат–Кавказаг федералон университеты зылды ректор Алина Левитская, Цæгат Ирыстоны раздæры министр, хорзæхджын æрцыд æхсæнадæмон премийæ "Афæдзы адæймаг-2017" уæлдæр ахуырады райрæзтмæ хайбавæрд бахæссыны тыххæй, хъусын кæны Ossetia Times.

"Премийæн бындур æрæвæрдта Уырыссаг биографион институт 1993 азы æмæ лæвæрд цæуы Уæрæсейы æмбæстæгтæн, æввахс æмæ дард фæсарæнты минæвæрттæн Уæрæсейы прогрессивон райрæзтæн ахъаз æнтыстджын архайды тыххæй. ЦКФУ-ы ректор Алина Левитская хорзæхджын æрцыд æхсæнадон премийæ æмæ йын лæвæрд æрцыд "Афæдзы адæймаг-2017"-ы ном уæлдæр ахуырады райрæзтмæ хайбавæрд бахæссыны тыххæй", — дзырдæуы хъусинаджы.

"Ахуырады" категорийы ма премиты хицæуттæ ссисты Уæрæсейы ахуырад æмæ зонады министр Ольга Васильева æмæ Ломоносовы номыл МПУ-ы ректор Виктор Садовничий. Лауреаттæн хорзæхтæ раттыны церемони ацæудзæн Мæскуыйы 14 декабры.

Ног хабӕртты лентӕ
0