Президент: Виталий Чуркин тох кодта рæстдзинад æмæ Хуссар Иры бартыл

Бибылты Анатолий дидинтæ сæвæрдта Виталий Чуркины цыртыл
Бибылты Анатолий дидинтæ сæвæрдта Виталий Чуркины цыртыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг Сербаг Республикæмæ йæ кусæгон балцы фæлгæтты сцыт кодта Уæрæсейы æхæстбарджын ИНО-йы Виталий Чуркинæн

ЦХИНВАЛ, 11 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий дидинтæ сæвæрдта Виталий Чуркины цыртыл Скæсæн Сараевойы.

Уæрæсейы æхæстбарджын минæвар Иугонд нациты организацийы (ИНО) Виталий Чуркинæн цырт Сараевойы сæвæрдта Сербаг Республикæйы разамынад. Уæрæсейаг политикæн цырт æвæрд æрцыд Югославийы хæст æруромыны йæ архайд æмæ йæ фидар позицийы тыххæй.

Хуссар Ир æмæ Сербаг Республикæ бафыстой æмгуыстады фæдыл бадзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир æмæ Сербаг Республикæ бафыстой æмгуыстады фæдыл бадзырд

Бибылты Анатолий сæвæрдта монументыл ирон тырысайы хуызты дидинты зиллакк æмæ æрдзырдта Виталий Чуркины сгуыхтдзинæдтыл.

"Виталий Чуркин уыд политкон тохы фыццаг рæнхъытыл, ИНО-ы уый тох кодта канд Уæрæсейы интерестыл нæ, фæлæ ма Хуссар Ирыстоны бартыл æмæ рæстдзинадыл дæр, нæ республикæйы йæм ис тынг хорз ахаст", — загъта уый.

Хуссар Ирыстоны делегаци ма бацыд уӕлмӕрдмӕ дӕр, цы ран ныгӕд сты уӕрӕсейаг бархионтӕ.

Раздӕр Бибылты Анатолий горӕт Баня-Лукайы дидинтӕ сӕвӕрдта 12 сабийы цыртмӕ, кӕцытӕ фӕмард сты Сербаг республикӕйы уайтагъд сӕ райгуырды фӕстӕ, республикӕмӕ кислороды борт баласын кӕй нӕ бауагътой, уый тыххӕй.

РХИ президенты официалон балц Сербаг республикӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 13 январы онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0