Ирон зарæджы ансамбль "Уацамонгæ" рауагъта фыццаг альбом

© YouTube/Осетия-ИрыстонИрон зарæджы ансамбль "Уацамонгæ" рауагъта фыццаг альбом
Ирон зарæджы ансамбль Уацамонгæ рауагъта фыццаг альбом - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыццаг альбоммæ бацыдысты хъайтарон æмæ кувæн зарджытæ

ЦХИНВАЛ, 7 фев — Sputnik. Адæмон зарæджы ансамбль "Уацамонгæ" рауагъта фыццаг официалон æмбырдгонд, хъусын кæны Осетия-Ирыстон.

Альбом ныффыссыны хъуыды æрцыд Битарты Александрмæ, кæцы зындгонд у куыд DJ Алекс.

Симд-ы концерт Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ансамбль "Симд"-ы уæрæх концерт ацыд Цхинвалы

Музыкант базонгæ ис сфæлдыстадон къорды репертуаримæ æмæ банхъардта ныффыссын диск.

Альбоммæ бацыдысты 14 хъайтарон æмæ кувæн зарæджы, кæцыты æхсæн сты зарджытæ Плиты Иссæйыл, Тлаттаты Черменыл, Гæздæнты авд æфсымæрыл. Ансамблы артистты ныхæстæм гæсгæ, æмбырдгонд рауадзынæн хъæуы егъау фæрæзтæ – иу зарæг ныффыссынæн хъæуы 7 мин сомы. Альбомы цъар арæзт у националон стилы.

Музыканттæ банысан кодтой, альбом апарахат кæныныл уæлдай кæй ницы куыст ацыд – диск тынг зæрдиагæй агурынц. Къорды хайадисджытæй иу куыд загъта, афтæмæй ныридæгæн куыст цæуы ансамблы дыккаг диск рауадзыныл, кæцымæ бацæудзысты хъæлдзæг, лирикон æмæ фынджы зарджытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0