Бибылты Анатолий ратæфæрфæс кодта Подмосковьейы авиакатастрофæйы фæдыл

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент арвыста УФ-йы президентмæ тæфæрфæсы тел, Ан-148 кæй æрхауд, уый фæдыл

ЦХИНВАЛ, 12 фев — Sputnik. Бибылты Анатолий ратæфæрфæс кодта Владимир Путинæн, фæмардуæвджыты хиуæттæ æмæ хæстæджытæн, афтæ ма æппæт уæрæсейаг адæмæн, хъусын кæны РХИ президенты пресс-службæ.

"Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад, адæм æмæ сæрмагондæй мæхи номæй кæнын тæфæрфæс зианджын бинонтæ æмæ хиуæттæн, æмæ Уæрæсейы Федерацийы адæмæн иууылдæр ацы æбуалгъ трагедийы фæдыл", — дзырдæуы Хуссар Ирыстоны сæргълæууæджы хъусынгæнинаджы.

Ан-148 æрхауд Мæскуыйы областы Раменскийы районы хуыцаубоны аэропорт "Домодедово"-йæ куы ратахт, уымæй цалдæр минуты фæстæ. Бортыл уыд 65 пассажиры æмæ экипажы æхсæз уæнджы – уыдон иууылдæр фæмард сты. Хæдтæхæг æххæст кодта рейс Мæскуы – Орск.

Ног хабӕртты лентӕ
0