Бритайнаг журналист систа документалон фильм Хуссар Иры хӕсты тыххӕй

© youtube/Graham PhillipsФильм Хуссар Иры хӕсты тыххӕй
Фильм Хуссар Иры хӕсты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уый у фыццаг ахӕм документалон фильм гуырдзиаг-ирон конфликты хроникӕйы тыххӕй, кӕцы здӕхт у англисаг ӕвзагыл дзурӕг аудиторимӕ

ЦХИНВАЛ, 14 мар — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Бритайнаг хӕдбар хурналист ӕмӕ блогер Грэм Филлипс, кӕцыйы ном ӕппӕт дунейы ахъӕр ис Russia Today-йӕн хӕстон Донбассӕй репортажтӕ саразыны фӕстӕ, систа документалон киноныв Хуссар Ирыстоны 2008 азы хӕсты тыххӕй.

Грэм Филлипс фарон декабры ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ, цӕмӕй бацӕттӕ кӕна цалдӕр документалон фильмы республикӕйы тыххӕй.

YouTube каналы, цы ран журналист равӕры йӕ репортажтӕ, дыццӕджы фӕзынд документалон фильм 2008 азы гуырдзиаг-ирон хӕсты тыххӕй англисаг ӕвзагыл. Фильм ӕвдыст ӕрцыд хӕсты бӕлвырд истори, кӕцы бындуриуӕг кӕны цӕстӕйфенджыты мысинӕгтыл. Афтӕ ма Филлипс ӕрӕмбырд кодта уыцы рӕстӕджы цӕрджыты ист видеоӕрмӕджытӕ, кӕцыты ныгуылӕйнаг аудитори фендзӕн фыццаг хатт.

"Мӕ куысты нысан у радзурын объективон рӕстдзинад 2008 азы конфликты тыххӕй — ӕнӕ пропагандӕйӕ, ӕнӕ купюрӕтӕй — ныгуылӕйнаг аудиторийӕн. Ацы фильм фӕахъаз уыдзӕн гуымир дезинформаци куынӕг кӕнынӕн, кӕцы ныгуылӕйнаг массон информацийы минӕвӕрттӕ парахат кодтой ӕзгӕйтты, ӕмӕ йӕ ныр дӕр парахат кӕнынц", — банысан кодта Филлипс.

Филипс ныридӕгӕн кусы дыккаг фильмыл Хуссар Ирыстоны тыххӕй, цы ран уый дзуры йӕ тӕлмӕнтӕ республикӕмӕ балцы тыххӕй, ныхас кӕны бынӕттон цӕрджытимӕ ӕмӕ ӕвдисы республикӕйы алӕмӕттаг бынӕттӕ. Киноныв рацӕудзӕн уырыссаг ӕвзагыл ӕмӕ йӕ фенӕн уыдзӕн журналисты YouTube каналыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0