Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы хыл ацӕудзӕн футболӕй дунейон чемпионаты фӕстӕ

© World Boxing Super SeriesБой Гассиев-Усик
Бой Гассиев-Усик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амӕйразмӕ Александр Усикы командӕ бахатыд, цӕмӕй Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы финалон хыл ахӕссой сӕрдмӕ, уый тыххӕй ӕмӕ украинаг спортсмен райста къухы травмӕ

ЦХИНВАЛ, 18 май — Sputnik. Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы (WBSS) финалон хыл Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы хсӕн ауадздзысты футболӕй дунейон чемпионаты фӕстӕ, хъусын кӕны 15 Регион спортсмены промоутерон компани "Урал Бокс промоушен"-ы директор Алексей Васильевы ныхæстӕ.

Амӕйразмӕ украинӕйаг боксер Александр Усик загъта, йӕ командӕ кӕй бахатыд, цӕмӕй Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы финалон хыл ахӕссой сӕрдмӕ, уый тыххӕй ӕмӕ украинӕйаг спортсмен райста къухы травмӕ тренировкӕты.

Гасситы Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæт сарæзта комментарий Усикимæ тохы аргъæвдæн

"Ӕвӕццӕгӕн, хыл ауадздзысты футболӕй дунейон чемпионат куы фӕуа, уӕд. Хылы бынат ӕмӕ дырыс датӕ зӕгъдзысты турниры организатортӕ. Нӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Усикы травмӕйӕн ныридӕгӕн схос кодтой ӕмӕ нӕй ницы цӕлхдуртӕ турнирӕн. Усик куы нӕ сразы уа, уӕд ис фӕстауӕрцон варианттӕ дӕр. Фӕлӕ мах иууылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, цӕмӕй ацы хыл уагъд ӕрцӕуа. Уӕлахиздзау ахӕсдзӕн цыппар рон ӕмӕ Мухаммед Алийы кубок", — банысан кодта Алексей Васильев.

WBSS-ы финалон хыл хъуамӕ ацыдаид Саудон Аравийы. Уый размӕ Уӕрӕсейы боксы федерацийы загътой, Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы ӕхсӕн хыл гӕнӕн ис ауадзой Мӕскуыйы, кӕд Саудон Аравийы сразы уой, уӕд.

Ног хабӕртты лентӕ
0