Сербаг республикӕйы президент ӕрцӕудзӕн Хуссар Ирмӕ августы

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинадыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн мадзӕлтты хайад райсынмӕ Милорад Додикы фӕхуыдта президент Бибылты Анатолий сӕ фембӕлды рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембӕлд Сербаг республикӕйы сӕргълӕууӕг Милорад Додикимӕ Санкт-Петербурджы, цыран РХИ делегаци хайад исы ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы. Уый тыххӕй хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Хуссар Ир æмæ Сербаг Республикæ бафыстой æмгуыстады фæдыл бадзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир æмæ Сербаг Республикæ бафыстой æмгуыстады фæдыл бадзырд

Бӕстӕты разамонджытӕ ӕруынаффӕ кодтой 2018 азы январы Сербаг республикӕмӕ Бибылты Анатолийы балцы фӕстиуджытыл, афтӕ ма ӕрдзырдтой Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинадыл 10 азы сӕххӕсты бӕрӕгбоныл.

"Ӕз куыд ӕмбарын, афтӕмӕй нӕ фембӕлд мӕты баппӕрста кӕцыдӕр политикон тыхты. Уыдон райдыдтой цавӕрдӕр хъӕзтытӕ. Фӕлӕ мах уый не ндавы, ӕз уӕ хонын Хуссар Ирыстонмӕ, нӕ хӕдбардзинады юбилейы цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлттӕм", — банысан кодта Бибылты Анатолий.

Сербаг республикӕйы президент райста августы бӕрӕгбонон мадзӕлтты хайад райсыны хонӕн.

Бибылты Анатолий ӕмӕ Милорад Додик ноджыдӕр ӕрдзырдтой политикон, экономикон ӕмӕ культурон фадӕттыл, кӕцыты дӕтты дыууӕ республикӕйы ӕхсӕн бафыстгонд бадзырд.

Ног хабӕртты лентӕ
0