Кавказы хъуыддӕгты министр: райтынг кӕндзыстӕм Хуссар Иримӕ ахастытӕ

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæСергей Чеботарёв
Сергей Чеботарёв - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдоны ног сӕргълӕууӕг банысан кодта, Уӕрӕсе йӕхимӕ кӕй райста Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы политикон бӕрн

ЦХИНВАЛ, 30 май — Sputnik. Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрады радзырдтой, дарддӕр кӕй фидар кӕндзысты Цӕгат Кавказы Федералон зылды регионты ӕмгуыстад сыхаг бӕстӕтимӕ, афтӕ ма Турк, Китай, Иран ӕмӕ Европӕйы бӕстӕтимӕ дӕр, хъусын кӕны РИА Новости. Уый тыххӕй загъта уагдоны ног сӕргълӕууӕг Сергей Чеботарев, кӕцы ацы бынат бацахста 18 майы.

"Махӕн тынг ахсджиаг у кусын Цӕгат Кавказы регионты сыхаг бӕстӕтимӕ — уыдон сты Азербайджан, Сомих, Гуырдзыстон, уый тыххӕй ӕмӕ махӕн семӕ нӕй дипломатон ахастытӕ, фӕлӕ нын ис тынг хъарм адӕмон ахастытӕ. Мах дарддӕр райтынг кӕндзыстӕм Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстонимӕ ахастытӕ, кӕцыты хӕдбардзинад банымадтам", — загъта Чеботарев.

Афтӕ ма Чеботарев бафтыдта, министрад дарддӕр дӕр кӕй фидар кӕндзӕн Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстонимӕ ӕмгуыстад, уый тыххӕй ӕмӕ Уӕрӕсе йӕхимӕ райста республикӕты политикон бӕрн.

Министр банысан кодта, кӕй нывӕндынц Китаимӕ ахастытӕ райтынг кӕнын, кӕцыйы проект "Иу рон, иу фӕндаг" цӕуы Цӕгат Кавказы уылты.

Афтӕ ма, Чеботаревы ныхӕстӕм гӕсгӕ, министрады фӕнды ис Турк ӕмӕ Каспийы бӕстӕтимӕ ахастытӕ райтынг кӕнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0