Джиоты Вероника райста Уӕрӕсейы сгуыхт артисты ном

Рафыссын
Зындгонд оперон зарӕггӕнӕгӕн ныридӕгӕн ис Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны адӕмон артисты нӕмттӕ

ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путин бафыста указ цхинвайлаг оперон зарӕггӕнӕг Джиоты Вероникайӕн Уӕрӕсейы сгуыхт артисты ном раттыны фӕдыл, хъусын кӕны Ossetia News.

Джиоты Вероника - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мæскуыйы ацæудзæн Джиоты Вероникайы æхсæнадæмон фестиваль

Зарӕггӕнӕгӕн ныридӕгӕн ис Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сгуыхт ӕмӕ адӕмон артисты нӕмттӕ, афтӕ ма уый у бирӕ ӕхсӕнадӕмон ӕмӕ уӕрӕсейаг конкурсты лауреат дӕр, сӕйраджыдӕр, Мария Калласы Гран-прийы хицау.

Ирон зарӕггӕнӕг у Новосибирскы оперӕ ӕмӕ балеты театры сӕйраг солист, афтӕ ма Стыр ӕмӕ Мариинаг театрты ӕрхонгӕ солист дӕр. Уый размӕ ацы аз Мӕскуыйы уагъд ӕрцыд Джиоты Вероникайы фыццаг ӕхсӕнадӕмон фестиваль.

Ног хабӕртты лентӕ
0