Инӕлар Шаманов Хуссар Иры хӕсты тыххӕй: Саакашвилийы хъуыд ӕрцахсын

© Sputnik / Руслан Кривобок /  Ахизын медиабанкмæИнӕлар Владимир Шаманов
Инӕлар Владимир Шаманов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Шаманов фӕсмон кодта, Уӕрӕсейы ӕфсӕдтӕ кӕй не 'рцахстой Саакашвилийы

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik. Уӕрӕсейы ӕфсӕдтӕн 2008 азы Хуссар Ирыстоны хӕсты уыд фадат ӕрцахсын Гуырдзыстоны уӕды президент Михаил Саакашвилийы, загъта Паддзахадон думӕйы хъахъхъӕнынады комитеты сӕргълӕууӕг инӕлар-булкъон Владимир Шаманов.

Инӕлар банысан кодта, "фондзбонон хӕсты" райдайӕны йын президент кӕй бахӕс кодта сӕрмагонд къорды абхазаг здӕхты къухдариуӕгад.

"Мах ӕнтыстджынӕй сӕххӕст кодтам нӕ хӕстӕ. Иу хабар, кӕцыйыл ӕз фӕсмон кӕнын — Саакашвилийы хъуыд ӕрцахсын, махӕн уыд уыцы фадат. Фӕлӕ махӕн загътой, ӕфсадад кӕй хъӕуы ацӕуын Гуырдзыстоны территорийӕ", — радзырдта Шаманов РИА Новости.

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы ӕхста Хуссар Ирыстон "Град"-ӕй, Гуырдзыйы ӕфсӕдтӕ ӕрбабырстой республикӕмӕ. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хъахъхъӕнгӕйӕ, кӕцыты стыр хай райста УФ ӕмбӕстӕггад, бакодта йе 'фсӕдты республикӕмӕ ӕмӕ фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕтардта Гуырдзыстоны ӕфсӕдты.

Ног хабӕртты лентӕ
0