"Ирыстон знон, абон, сом": Парижы байгом сты Ирон культурӕйы бонтӕ

© Flickr / Luc MercelisПариж
Париж - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Диаспорӕйы минӕвӕрттӕ ӕмӕ бынӕттон цӕрджытӕ адих кӕндзысты сӕ фӕлтӕрддзинад Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны нывгӕнджытимӕ, афтӕ ма ӕрдзурдзысты Европӕйы ирӕтты хсӕн бастдзинады фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 3 июн — Sputnik, Уалыты Диана. Ирон культурӕйы бонтӕ Европӕйы къуырисӕры, 4 июны бакӕндзӕн тымбыл фынг "Ирыстон знон, абон, сом", кӕцы уагъд цӕудзӕн Парижы, фехъусын кодта Sputnik ӕнӕкоммерцион организаци "Renaissaance Sandidzan"-ы сӕргълӕууӕг Пухаты Радион.

"Мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм нӕ французаг диаспорӕйы минӕвӕрттӕ ӕмӕ бынӕттон цӕрджытӕм. Бафӕлвардзыстӕм аныхас кӕнын ирыстойнаг нывгӕнджытимӕ ӕмгуыстады перспективӕтыл, афтӕ ма нӕ нывгӕнӕн аивады скъолайы тыххӕй дӕр. Ӕрдзурдзыстӕм Европӕйы ирон диаспорӕты хсӕн горизонталон бастдзинӕдтӕ сфидар кӕныныл. Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй фӕсивӕдӕн уа фадат кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнынӕн. Диаспорӕ хъуамӕ йӕ фыдыбӕстӕйӕ хицӕн ма уа", — радзырдта Пухаты Радион.

Пухаты Радион банысан кодта, Парижы тымбыл фынгӕй дарддӕр ма кӕй хъуамӕ ауагътаиккой мадзӕлттӕ Люксембурджы, фӕлӕ сӕ аивтой Гуырдзыстоны протесты тыххӕй.

Пухаты Радион - Sputnik Хуссар Ирыстон
Пухаты Радион радзырдта, цы хъуыды кӕнынц европайӕгтӕ Хуссар Иры хӕсты тыххӕй

"Хъыгагӕн, Гуырдзыстон загъта протест не 'мбӕлттӕн ӕмӕ уыдон аивтой нӕ мадзӕлттӕ. Уый фӕдыл Люксембурджы ауадздзыстӕм ӕрмӕстдӕр нывгӕнджыты пленэр. Мадзӕлттӕ фӕуыдзысты Брюсселы, цы ран мах хъавӕм ауадзын чысыл тымбыл фынг", — баххӕст кодта уый.

Проект "Ирыстон знон, абон, сом" ӕрхъуыды кодта Хуссар Ирыстоны райгуыргӕ, "Renaissaance Sandidzan"-ы сӕргълӕууӕг Пухаты Радион, кӕцы ныридӕгӕн 16 аз нал цӕры Ирыстоны. Проект уагъд цӕуы аст азы, уыцы рӕстӕгмӕ мадзӕлттӕ ауагътой Европӕйы дӕс бӕстӕйӕ фылдӕры.

Ног хабӕртты лентӕ
0