Уӕддӕр ӕй радтой: Гӕджиты Асланы сэкстрадици кодтой Уӕрӕсемӕ

© UkrPostГӕджиты Аслан
Гӕджиты Аслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Криминалон авторитеты Мӕскуымӕ аласдзысты сӕрмагонд конвойы фӕсдзыдимӕ

ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik. Австрийӕ Уӕрӕсемӕ сэкстрадици кодтой егъау криминалон къорды разамонӕг Гӕджиты Асланы, кӕцыйы азымджын кӕнынц дӕсгай адӕймӕгты амарыны оргазацийы, хъусын кӕны УФ Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Апрелы Австрийы Уӕлдӕр тӕрхондон нӕ райста криминалон авторитеты адвокатты куырдиат, цӕмӕй йӕ Уӕрӕсемӕ ма сэкстрадици кӕной ӕмӕ ногӕй бакӕной хъуыддаг.

"Абон сӕрмагонд конвойы фӕсдзыдимӕ Венӕйӕ Мӕскуымӕ сэкстрадици кодтой Гӕджиты Асланы… Уый азым кӕнынц дӕсгай адӕймӕгты амарыны организацийы, се хсӕн барадхъахъхъӕнӕн органты разамонджытӕ, хицауады кусджытӕ ӕмӕ зындгонд бизнесментӕ", — радӕтта МХМ пресс-службӕ уагдоны официалон минӕвар Ирина Волкы ныхӕстӕ.

Уый банысан кодта, сӕрмагонд конвойы фӕсдзыдимӕ криминалон авторитеты кӕй аласдзысты Мӕскуымӕ.

Обвиняемый в зале суда - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гӕджиты Асланӕн йӕ досье ауӕйгӕнӕг дӕлбулкъон фӕбаддзӕн фараст азы

Фыдгӕнджыты организацигонд ӕмӕхсӕнад, кӕцыйӕн раздзог уыд Гӕджиты Аслан, райдыдта йӕ архайд 2004 азы ӕмӕ дзы уыд 50 хайадисӕджы. Фӕдагуырды информацимӕ гӕсгӕ, фыдгӕнджытӕ амардтой 60 адӕймаджы, се хсӕн барадхъахъхъӕнӕн оргӕнты разамонджытӕ, хицауады кусджытӕ, зындгонд бизнесментӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕм. Фыдракӕндтӕ ӕххӕст кодтой Мӕскуы ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны.

Фыдгӕнджыты къорды хайадисджыты хай ныридӕгӕн бадынц ахӕстоны. Гӕджиты Асланы та 2015 азы ӕрцахстой Австрийы, цы ран уый хъавыд лигъдоны статус райсын. Венӕйы Уӕлдӕр зӕххон тӕрхондон рахаста уынаффӕ, цӕмӕй Гӕджиты Асланы радтой Уӕрӕсейӕн.

Къорды иууыл егъаудӕр фыдракӕндтӕ уыдысты 2008 азы Дзӕуджыхъӕуы мэр Караты Виталий ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны вице-премьер Пагиты Хъазбеджы амард.

Ног хабӕртты лентӕ
0