Хуссар Иры МСНК кусӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ равдыста ӕхсынӕй Дзӕуджыхъӕуы

© МВД РЮОМилицийы майор Медойты Давид
Милицийы майор Медойты Давид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны командӕ, кӕцыйы сконды уыд ӕхсӕз адӕймаджы, хайад райста Цӕгат Ирыстоны ерысты ӕхсынӕй

ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) Сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды ахуырадон ротӕйы кусджытӕ ротӕйы командир, милицийы булкъон Елдзарты Нодары сӕргълӕудӕй хайад райстой Цӕгат Ирыстоны гом чемпионаты дамбацайӕ 'хсынӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны РХИ МХМ пресс-службӕ.

"Чемпионаты уыдис 40 хайадисӕджы Уӕрӕсейы алыгъуызон регионтӕй ӕмӕ ерыс кодтой аст фӕлварӕны. Фӕлварӕнтӕ азӕй азмӕ кӕнынц зындӕр, бафтауынц дзы алыгъуызон элементтӕ", — радзырдта Елдзарты Нодар.

Хуссар Ирыстоны командӕйы сконды чемпионаты хайад райстой ӕхсӕз адӕймаджы. Ерысты фӕстиуӕгӕн милицийы майор Медойты Давид бацахста чемпионаты ӕртыккаг бынат.

Ахуырадон ротӕйы командир банысан кодта, ерыстӕ кӕй ацыдысты бӕрзонд профессионалон ӕмвӕзадыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0