Масляков Ӕлборты Асланы амӕлӕты тыххӕй: ӕгӕр ӕвзонг уыд мӕлынӕн

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæАлександр Масляков
Александр Масляков - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Курдиатджын юмористы ссардтой мардӕй 4 июлы райсом ӕхсӕз сахатмӕ ӕввахс улӕфӕн базӕ "Порог неба"-йы коттеджтӕй иуы

ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik. Ӕхсӕнадӕмон цӕдис "Клуб веселых и находчивых"-ы президент Александр Масляков загъта мӕсӕлӕй дӕуджыхъӕуккаг командӕ "Пирамида"-йы хайадисӕг Ӕлборты Асланы мӕлӕты тыххӕй, хъусын кӕны газет "Слово".

Ӕлборты Аслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
"КВН театры" директор Ӕлборты Асланы мӕлӕты тыххӕй: уый уыд хиамард

Зындгонд юморист, командӕ "Пирамида"-йы хайадисӕг Ӕлборты Аслан ахицӕн йӕ цардӕй 33-аздзыдӕй.

"Пирамида" у мӕ уарзондӕр командӕтӕй сӕ иу, иууылдӕр сты тынг курдиатджын лӕппутӕ. Аслан ӕгӕр ӕвзонг уыд мӕлынӕн, фӕлӕ, хъыгагӕн, афтӕ ӕрцыд. Ӕз мӕсӕлӕй кӕнын лӕппутӕн ӕмӕ йӕ хиуӕттӕн", — загъта Масляков.

Цӕгат Ирыстоны фӕдагуырды комитеты информацимӕ гӕсгӕ, Ӕлборты Асланы ссардтой мардӕй 4 июлы 5:30 сахатыл улӕфӕн базӕ "Порог неба"-йы коттеджтӕй иуы, кӕцы ис республикӕйы Ирафы районы хӕхты. Ныртӕккӕ фӕдагурджытӕ снысан кодтой тӕрхондонон-медикон басгӕрст, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной мӕлӕты аххосӕгтӕ, афтӕ ма уадзынц басгӕрсты мадзӕлттӕ, цӕмӕй базоной цауы ӕууӕлтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0