Эверестыл ӕрсагътой зындгонд ирӕтты портреттимӕ тырысатӕ

© AP Photo / Hans EdingerЭверест
Эверест - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы тырысатӕ спортсментӕ ӕрсагътой Кавказы бӕрзӕндтыл, фыццаг хӕрдмӕцыд та сӕххӕст кодтой февралы пик Дзӕуджыхъӕумӕ

ЦХИНВАЛ, 9 июл — Sputnik. Ӕхсӕндунейон уӕлбӕрзонд экспедици басаста Гималайы дыууӕ бӕрзӕнд Сæйраг сгарæн управленийыл (ССУ) 100 азы сӕххӕсты цытæн, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Вид на Эльбрус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры тыхон структурӕты кусджытӕ Хӕдбардзинады юбилей банысан кодтой Эльбрусыл

Спортсментӕ зындгонд уӕрӕсейаг альпинисткӕ Оксана Морневайы сӕргълӕудӕй сӕххӕст кодтой хӕрдмӕцыд зӕххыл иууыл стырдӕр бӕрзӕндмӕ — Эверестмӕ ӕмӕ хох Лходземӕ, кӕцыйы бӕрзӕнд у 8561 метры.

Ацы бӕрзӕндтыл альпинисттӕ ӕрсагътой "Уæлахизы тырыса", афтӕ ма ССУ тырыса Советтон Цӕдисы Хъайтар, ССУ сӕргълӕууӕджы фыццаг хӕдивӕг Мамсыраты Хадзы-Умар ӕмӕ сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды легендарон командир Бекойты Павелы къамтимӕ.

Ацы тырысатӕ ныридӕгӕн ӕрсагътой Кавказы бӕрзӕндтыл, фыццаг хӕрдмӕцыд та сӕххӕст кодтой февралы пик Дзӕуджыхъӕумӕ.

Уӕрӕсейаг альпинисттæ сӕххӕст кодтой 100 сцыды æппæт дунейы, уыдонæй 28 — Цæгат Ирыстоны территорийыл. Цифрæ 28 у баст, Бекъойты Павелыл йæ амæлæты уысм цал азы цыд, уыимæ. Бекъойты Павел зындгонд у куыд ССУ иууыл æнтыстджындæр хæххон диверсион-штурмон операцийы командир, кæцы ацыд кишлак Лой-Манайы.

Ног хабӕртты лентӕ
0