Хуссар Иры информацион комитеты сӕрдар Орхан Джемалы тыххӕй

© Sputnik / Evgenya Novozhenina /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейаг ӕфсӕддон журналистты амардтой Африкайы
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон журналистты амардтой Африкайы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг журналист Орхан Джемаль, кӕцыйы амардтой Централон африкайаг республикӕйы, 2008 азы августы уыд Хуссар Ирыстоны ӕмӕ дзырдта "Фондзбонон хӕсты" тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон журналист Орхан Джемаль уыд ӕцӕг профессионал ӕмӕ амард, Централон африкайаг республикӕйы (ЦАР) радон ӕрмӕгыл куы куыста, уӕд, радзырдта Sputnik Хуссар Ирыстоны информаци ӕмӕ мыхуыры паддзахадон комитеты сӕргълӕууӕг Хъотайты Мария.

Уӕрӕсейаг журналистты мӕлӕты тыххӕй информаци фӕзынд дыццӕджы. ДИФ информацимӕ гӕсгӕ, Орхан Джемаль, Александр Расторгуев ӕмӕ Кирилл Радченко истой документалон киноныв уӕрӕсейаг "Вагнеры сӕрмагонд ӕфсӕддон компани"-йы архайды тыххӕй бӕстӕйы.

"Орхан Джемаль куыста Хуссар Ирыстоны 2008 азы августы хӕсты рӕстӕджы. Уый фӕстӕ ма ӕрцыд 2010 азы дӕр, цӕттӕ кодта стыр ӕрмӕг. Уый уыд ам ӕртӕ боны, ныхас кодта ӕвдисджытӕ, хӕдӕфсӕддонтӕ ӕмӕ политиктимӕ", — загъта Хъотайты Мария.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Джемаль Хуссар Ирыстоны куы уыд, уӕд иумӕ дӕр бакуыстой.

"Уый уыд тынг серьезон адӕймаг. Радзырдта цалдӕр истори, кӕцытӕ баст уыдысты хӕстимӕ — Цӕцӕн, Хуссар Ирыстон ӕмӕ ӕндӕр бынӕтты, кӕцыты уый уыд. Йемӕ ныхас кӕнын уыд тынг цымыдисон. Зындис ыл, йӕ профессийӕ максимум кӕй исы. Ахӕм журналисттӕ вӕййынц стӕм. Ӕмӕ ахӕмты ӕнӕнхъӕлӕджы нӕ амарынц. Цыфӕнды ма уа, уый ацард тынг цымыдисон цард", — загъта Хъотайты Мария.

Хӕдтулгӕйӕн, кӕцыйы уыдысты уӕрӕсейӕгтӕ, бабадтысты йӕ размӕ ӕмӕ йӕ ӕхсын райдыдтой автоматтӕй, радзырдта шофыр, кӕцы баззад удӕгасӕй.

Амӕйразмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад (ФХМ) фехъусын кодта, зӕгъгӕ, 30 июлы ЦАР-ы амардысты ӕртӕ адӕймаджы — Кирил Радченко, Александр Расторгуев ӕмӕ Орхан Джемалы нӕмттыл. УФ Фӕдагуырды комитет бакодта уголовон хъуыддаг ацы цауы фӕдыл. УФ минӕварад ныр кусы фарстайыл, цӕмӕй уӕрӕсейаг журналистты мӕрдон буӕртӕ аласой сӕ фыдыбӕстӕмӕ, уый ӕрцӕудзӕн ӕввахс рӕстӕджы.

ЦАР-ы уавӕр февзӕрдӕр 2013 азы президент Франсуа Бозизейы куы раппӕрстой йӕ бынатӕй, кӕцы уыд паддзахады сӕргълӕууӕг 2003 азӕй фӕстӕмӕ. Исламистон къорд "Селека"-йы ӕфсӕддонтӕ, кӕцытӕ раппӕрстой Бозизейы, райдыдтой тох кӕнын чырыстон къорд "Анти-Балака"-имӕ. ИНО-йы информацимӕ гӕсгӕ, хӕсты рӕстӕджы иу милуан адӕймаг ныууагътой сӕ цӕрӕн бынӕттӕ, иу мин адӕймагӕй фылдӕр та амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0