Уæрæсейы прокаты рацыд Калоты Виталийыл киноныв "Непрощенный"

© KinopoiskФильм "Непрощенный"
Фильм Непрощенный - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Калоты Виталийы хъысмæтыл ист аивадон киноныв ныридæгæн райста цалдæр хæрзиуæджы, прокаты рауадзыны нысанæн æй балхæдта Китай

ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Уæрæсейы кинотеатрты æвдисын райдыдтой аивадон киноныв "Непрощенный", кæцы таурæгъ кæны ирыстойнаг архитектор Калоты Виталийы хъысмæтыл, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Фильм Непрощенный - Sputnik Хуссар Ирыстон
Калоты Виталийы тыххæй фильм байгом кæндзæн Мæскуыйаг кинофестиваль

Калоты Виталийӕн 2002 азы йӕ бинонтӕ — йӕ цардæмбал ӕмӕ дыууӕ сабийы бабын сты авиакатастрофӕйы Бодены цады сӕрмӕ. Дыууӕ азы фӕстӕ уый амардта катастрофӕйы азымджыны — диспетчер Питер Нильсены ӕмӕ уый тыххӕй цыппар азы фӕбадт Швейцарийы ахӕстоны. 2008 азы йӕ ссӕрибар кодтой ӕмгъуыдӕй раздӕр.

"Киноныв фыццаг хатт равдыстой апрелы, Мæскуыйы æппæтадæмон кинофестивалы. Ныридæгæн райста цалдæр хæрзиуæджы. Рæхджы киноныв рацæудзæн дунеон прокаты. Балхæдтой уал æй Китайы", — дзырдæуы хъусинаджы

Калоты Виталийы ролы ахъазыд зындгонд уæрæсейаг актер Дмитрий Нагиев. Аивадон киноныв "Непрощенный"-йы режиссер у Сарик Андреасян.

Ног хабӕртты лентӕ
0