Дыууæ ирон богалы стох кæндзысты дунейы чемпионаты

© Sputnik / Сайт спортивной борьбы РоссииУæрæсейы æмбырдгонды сконд дунейы чемпионатмæ
Уæрæсейы æмбырдгонды сконд дунейы чемпионатмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы спортивон кад хъахъхъæндзысты 2018 азы бæстæйы чемпионаты уæлахиздзаутæ Сидахъты Зауыр (74 кг) æмæ Цæкулаты Батырбег (92кг)

ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Уæрæсейы сæйраг тренер уæгъдибар хъæбысхæстæй Тедеты Дзамболат фехъусын кодта бæстæйы æмбырдгонды сконд дунейы чемпионатмæ. Уæрæсейы тырысайы бын архайдзысты 10 богалы, се хсæн дыууæ ироны, хъусын кæны Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты сайт.

Рæмонаты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыууæ ирон богалы рамбылдтой Ираны лигæ

Дунейон ерыстæ райдайдзысты 20 октябры Будапешты. Уæрæсейы спортивон кад хъахъхъæндзысты 2018 азы бæстæйы чемпионаты уæлахиздзаутæ Сидахъты Зауыр (74 кг) æмæ Цæкулаты Батырбег (92кг).

"Абон райсомæй Уæрæсейы сæйраг тренер уæгъдибар хъæбысхæстæй Тедеты Дзамболат фехъусын кодта командæйы сконд дунейы чемпионатмæ. Ӕнæнхъæлæджы уынаффæ дзы нæ разынд – æмбырдгонды скондмæ бацыдысты Уæрæсейы фараст чемпионы æмæ Гаджимурад Рашидов, кæцы расгуыхт "Мемориал Циолковского"-йы", — дзырдæуы хъусинаджы.

Уæрæсейы командæйы капитан у олимпиаг чемпион Абдулрашид Садулаев. Командæйы сконды ма хицæн уæзы категориты архайдзæн: Заур Угуев, Ахмед Чакаев, Магомедрасул Газимагомедов, Ахмед Гаджимагомедов, Даурен Куруглиев, Анзор Хизриев.

Ног хабӕртты лентӕ
0