Салхъазанты Фатимæйæн нывонд концерт ацæудзæн Мæскуыйы

© фото из архива Юрия КрохинаСалхъазанты Фатимæ
Салхъазанты Фатимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Концертæй дарддæр ма æрæмбырдуæвджытæ фендзысты "Радио "Свобода"-йы раздæры сæйраг редактор Салхъазанты Фатимæйыл ист документалон киноныв

ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik. Уæрæсейы столицæйы ацæудзæн зындгонд æхсæнадон радиожурналист Салхъазанты Фатимæйæн нывонд концерт, хъусын кæны журнал "Горец".

10 октябры Журналисты централон хæдзары Мæскуыйы концерт ратдзæн йæ фырт – французаг шансонье, композитор æмæ поэт Саша Пиллуа.

"Номдзыд журналисты концерты Саша Пиллуайæ дарддæр архайдзæн зындгонд гитарист Рене Мира. Афтæ ма концерты программæйы ис театр Градский Холлы солисткæ Алла Рид, Уæрæсейы сгуыхт артист, виолончелист Николай Солонович, бæстæйы хуыздæр гитарист Дмитрий Малолетов, къорд "Overdrive Blues Band" бындурæвæрæг Сергей Кузнецов, кубæйаг квартет "Еduardo Breff & Su Son del Son" æмæ æндæрты ралæудтæ", — хъусын кæны мыхуыры орган мадзалы организатор, культурон проект "Face to face" бындурæвæгæг Елена Вахрушинайы ныхæстæ.

Номарæн концерты ахадгæ хай уыдзæн Салбиты Акимы документалон кинолентæ "Фатима Салказанова. Возвращение"-йы равдыст, кæцы режиссер систа йе ʻмзæххоны тыххæй 2012 азы. Фильмы кæсæг фендзæн "Радио "Свобода"-йы раздæры сæйраг редакторы цардæй иу бон, Париж, йæ хæдзар, йæ хæлæртты мысинæгтæ. Ацы куысты тыххæй режиссер райста хорзæх дæр.

Салхъазанты Фатимæ йæ цардæй ахицæн 2015 азы Парижы.

Ног хабӕртты лентӕ
0