Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг хайад исы экономикон форумы Италийы

© МИД РЮОХуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг хайад исы экономикон форумы Италийы
Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг хайад исы экономикон форумы Италийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Форумы рӕстӕджы ӕрныхас кӕндзысты экономикӕйы арӕзтад, энергетикон ӕдасдзинад ӕмӕ финансон институтты архайдыл ног геополитикон уавӕрты

ЦХИНВАЛ, 25 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий хайад исы XI Евразиаг экономикон форумы Веронайы, кӕцы райдыдта йӕ куыст цыппӕрӕмы, 25 октябры.

РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министр абалц Италимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сабырады бæлас: РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министр абалц Италимæ

Форумы хайад райсынмӕ ӕрцыдысты 1100 делегаты 40 бӕстӕйӕ, хъусын кӕны ӕддагон политикӕйы уагдоны пресс-службӕ. Йӕ сӕйраг темӕ у "Ӕууӕнчы экономикӕ ӕмӕ бизнесы дипломати Антлантикӕйӕ Сабыр денджызмӕ".

Мадзал байгом кодта Италийы мидхъуыддӕгты министр Маттео Сальвини. "Роснефть"-ы сӕргълӕууӕг Игорь Сечин дӕр ракодта арфӕйы ныхӕстӕ Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путины номӕй.

"Веронайы форумӕн ис сгуыхт авторитет ӕхсӕнадӕмон политикон, экспертон ӕмӕ хъуыддагон зылдты. Йӕ хайадисджыты сконд дӕтты фадат ныхас кӕнын евразиаг боны фӕткы алыгъуызон фарстытыл", — дзырдӕуы арфӕйы.

Форумы куыст адарддӕр  уыдзӕн 26 октябрьмӕ.

Форумы организатортӕ сты Ассоциаци "Познаем Евразию", Фонд "Росконгресс", Петербурджы ӕхсӕнадӕмон экономикон форум "Банк Интеза" ӕмӕ къорд "Интеза Санпаоло".

Ног хабӕртты лентӕ
0