Хуссар Ир æмæ Сирийы минæвæрттæ фембæлдысты Мæскуыйы

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ир æмæ Сирийы тырысатæ
Хуссар Ир æмæ Сирийы тырысатæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Знауыр æмæ Риад Хаддад æруынаффæ кодтой дыууæварсон æмгуыстадыл, афтæ ма дыууæ бæстæйы хсæн ахастытæ фæарфдæр кæныныл

ЦХИНВАЛ, 22 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Сирийы хсæн æмгуыстадыл æрдзырдтой республикæйы минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр æмæ йæ сириаг коллегæ Риад Хаддад, хъусын кæны хуссарирыстойнаг димломатон уагдоны пресс-службæ.

© Пресс-служба посольства РЮО в РФ РХИ минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр æмæ йæ сириаг коллегæ Риад Хаддад
Хуссар Ир æмæ Сирийы минæвæрттæ фембæлдысты Мæскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр æмæ йæ сириаг коллегæ Риад Хаддад

Фембæлд ацыд Мæскуыйы, фарсытæ æруынаффæ кодтой дыууæварсон æмгуыстадыл, афтæ ма дыууæ бæстæйы хсæн ахастытæ фæарфдæр кæныныл.

"Сири æмæ Хуссар Иры минæвæрттæ банысан кодтой бæстæты хсæн бастдзинæдты æвæрццаг динамикæ, кæцытæн фæахъаз ис, президенттæ Бибылты Анатолий æмæБашар Асад цы бадзырд бафыстой, уыд", - дзырдæуы хъусинаджы.

Южная Осетия и Сирия заключили Договор о дружбе и сотрудничестве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Сири бафыстой ӕмгуыстад ӕмӕ хӕлардзинады фӕдыл бадзырд

Фембæлды ма банысан æрцыд, æввахс рæстæджыты сириаг делегацитæ кæй æрцæудзысты Хуссар Ирыстонмæ æхсæнпаддзахадон бадзырдтæ æмæ бадзырдон-барадон базæ лыстæггай равзарыны нысанæн.

Хуссарирыстойнаг дипмиссийы сæргълæууæг президент Бибылты Анатолийы номæй фæхуыдта Сирийы президенты Цхинвалмæ.

Риад Хаддады цæст  дæр бауарзта ирон адæмæн æмæ сæ президентæн бирæ хæрзиуджытæ.

Сири банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад 2018 азы майы.

Ног хабӕртты лентӕ
0