Артемий Лебедев сарӕзта Ирыстоны туристон бренд

© art.lebedevИрыстоны туристон бренд
Ирыстоны туристон бренд  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Проекты заказгӕнӕг уыд Цӕгат Ирыстоны туризмы фӕдыл комитет

ЦХИНВАЛ, 5 фев - Sputnik. Уӕрӕсейаг дизайнер Артемий Лебедевы студи сарӕзта Ирыстонӕн туристон бренд, хъусын кӕны дизайнеры официалон сайт.

"Бӕстӕйы рӕсугъддзинад ӕвдыст ӕрцыд нырыккон бренды - уый у иумӕйаг Цӕгат ӕмӕ ХУссар Ирыстонӕн", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Дизайнертыл стыр тӕлмӕнтӕ ныууагъда регионы диссаджы ӕрдз, уымӕ гӕсгӕ нывыл ӕвдыст ис авд хохы. Нӕ ныууагътой ӕнӕ хъусдард Ирыстоны символ - кавказаг барсы дӕр.

© art.lebedevИрыстоны туристон бренд
 Артемий Лебедев сарӕзта Ирыстоны туристон бренд  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстоны туристон бренд

"Фирмӕйон паттерн арӕзт у кавказаг барсы баказты хуызӕн. Хуызтӕ йын ӕрмӕст равзӕрстам ирддӕртӕ", - банысан кодта Лебедев.

Афтӕ ма дизайнертӕ банысан кодтой, сӕ равзӕрстгонд шрифт дӕр кӕй у "ирон ӕмӕ удӕнцойаг".

© art.lebedevИрыстоны туристон бренд
 Артемий Лебедев сарӕзта Ирыстоны туристон бренд  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстоны туристон бренд

Студийы бузныг загътой Цӕгат Ирыстоны туризмы фӕдыл комитеты сӕрдар Кодзаты Зауыр ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны информацион технологитӕ ӕмӕ бастдзинӕдты управленийы хистӕр Сӕлбиты Аланӕн алыварсон ӕххуыс ӕмӕ проектыл куысты хайадисты тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0