Хуссарирыстойнаг зарӕггӕнӕг ратдзӕн концерт Дзӕуджыхъӕуы

© FacebookХуссарирыстойнаг зарӕггӕнӕг ратдзӕн концерт Дзӕуджыхъӕуы
Хуссарирыстойнаг зарӕггӕнӕг ратдзӕн концерт Дзӕуджыхъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тасойты Игоры концерты ма архайдзысты адӕмон артисттӕ ӕмӕ ансамбль "Кавказ"

ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг зарӕггӕнӕг-шансонье Тасойты Игорь ратдзӕн концерт Цӕгат Иры столицӕйы. Уӕрӕсейаг ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон конкурсты лауреат радзырдта Sputnik, культурон мадзал Дзӕуджыхъӕуы кӕй уыдзӕн низӕфхӕрд адӕмӕн ӕнӕаргъӕй.

Тасойты Игорь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тасойты Игорь хайад райсдзæн æхсæнадæмон фестиваль "Гуляй и пой душа"-йы

"Концерты азардзысты Ирыстоны адӕмон артисттӕ – Золоты Белла ӕмӕ Даураты Эдуард. Хуссар Ирӕй дзы ралӕудзӕн зарӕггӕнӕг Хъуылымбегты Лейла, мемӕ архайдзысты бэк-вокалисттӕ Дыгъуызты Сабинӕ ӕмӕ Сабанты Гульнара. Хореографион номыртӕ равдисдзӕн ансамбль "Кавказ", - радзырдта зарӕггӕнӕг.

Уый ма банысан кодта, уый дӕтты ныр дыккаг концерт Дзӕуджыхъӕуы.

"Ивгъуыд аз нӕ тынг хорз ӕмӕ хъармӕй райстой Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ йӕ сфӕлхат кӕндзыстӕм. Ныры концерты уæлбартӕ уыдзӕн хӕсты ветерантӕн ӕмӕ къуындӕг уавӕрты адӕмӕн, сахъаттӕн та билет уыдзӕн ӕнӕаргъӕй", - бафтыдта уый.

Концерт ацӕудзӕн 28 марты культурӕйы галуан "Металлург"-ы.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0