Дзӕуджыхъӕуы рацыд Къостайы æнæмæлгæ уацмыс "Ныстуан" 105 æвзагмӕ ивдӕй

© Sputnik / Наталья АйриянДзӕуджыхъӕуы рацыд Къостайы æнæмæлгæ уацмыс "Ныстуан" 105 æвзагмӕ ивдӕй
Дзӕуджыхъӕуы рацыд Къостайы æнæмæлгæ уацмыс Ныстуан 105 æвзагмӕ ивдӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстон ацы аз октябры банысан кӕндзӕн ирон литературон ӕвзаджы бындурӕбӕрӕг Хетӕгкаты Къостайы райгуырды 160 азы юбилей

ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы Национ наукон библиотекæйы ацыд Хетæгкаты Къостайы Чиныг-миниатюрæйы презентаци, рауагъдмӕ бацыд йӕ æнæмæлгæ уацмыс "Ныстуан" 105 æвзагмӕ ивдӕй, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Чиныгмæ бахастой уæлæмхас æрмæг, æмæ йæ рауагътой æртыккаг хатт.

"Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ уацмыс "Ныстуан" рацыд 105 æвзагыл тæлмацгондæй.Чиныг-миниатюрӕ у лæвар кæныны экземпляры хуызы. Ацы рауагъды сӕйраг нысан у равдисын иу ӕмдзӕвгӕ куыд иу кӕны хицӕн нациты ӕмӕ бӕстӕты цӕрджыты", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Ирыстон ацы аз октябры банысан кӕндзӕн ирон литературон ӕвзаджы бындурӕбӕрӕг Хетӕгкаты Къостайы райгуырды 160 азы юбилей.

2019 аз Хуссар Ирыстон расидт ӕрцыд Къостайы азӕй. Ирон ӕвзаджы классикы юбилейы цытӕн азы дӕргъы уагъд цӕудзӕн бирӕ мадзӕлттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0