Цӕгат Иры уырыссаг театр фӕуазӕг уыдзӕн Цхинвалмӕ

© Sputnik / Дина ГассиеваЦӕгат Иры уырыссаг театр фӕуазӕг уыдзӕн Цхинвалмӕ
Цӕгат Иры уырыссаг театр фӕуазӕг уыдзӕн Цхинвалмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕггатаг сфӕлдыстадон къорд Цхинвалы бафдисдзӕн цыппар спектаклы

ЦХИНВАЛ, 15 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цӕгат Ирыстоны Вахтанговы номыл уырыссаг академон театр ӕрцӕуы ӕртӕбонон гастрольтимӕ Цхинвалмӕ. Хуссары сӕйраг сахары бавдисдзысты цыппар спектаклы, фехъусын кодтой Sputnik ПДТ пресс-службӕйы.

Цӕгат Иры уырыссаг театры рцыд уыдзӕн цыппӕрӕм сфӕлдыстадон къорды гастрольтӕ Цхивалмӕ. Амӕй размӕ ма Хуссар Иры ног арӕзт культурӕйы артдзӕсты сценӕйыл къухӕмдзӕгъд кодтой Цӕгат Иры фӕссивӕдон театрӕн, Ирон театрӕн ӕмӕ ӕрыгон кӕсӕджы театр "Саби"-йы труппӕтӕ.

"Цӕгат Ирыстоны Вахтанговы номыл уырыссаг академон театр ӕртӕ боны дӕргъы уыдзӕн Цхинвалы. Адӕмы размӕ рахӕсдзысты цыппар спектаклы — "Лес", "Сотворившая чудо", "Бал воров" ӕмӕ "Метод Гренхольма", — загътой пресс-службӕйы.

Цӕгатирыстойнаг труппа Хуссар Иры уыдзӕн 19-21 апрелы.

Цӕгат Ирыстоны Вахтанговы номыл уырыссаг академион театры гастрольтӕ ацӕудзысты сӕ райгуырӕн бонӕн нывонд мадзӕлтты фӕлгӕтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0