Чукоткӕйы ахуырдзаутӕ рацӕудзысты "Ӕнӕмӕлгӕ полк "–ы ирон хъайтарты хуызисттимӕ

© 15-Й РЕГИОН Подробнее: http://region15.ru/Чукоткӕйы ахуырдзаутӕ рацӕудзысты "Ӕнӕмӕлгӕ полк "–ы ирон хъайтарты хуызисттимӕ
Чукоткӕйы ахуырдзаутӕ рацӕудзысты Ӕнӕмӕлгӕ полк –ы ирон хъайтарты хуызисттимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы скӕсӕнфарс цӕрӕн пункт Уэлены сӕхи цӕттӕ кӕнынц цыдмӕ, ахуыр кӕнынц ирыстойнаг хъайтарты цардвӕндаг

ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik. Чукоткӕйы хъӕу Уэлены скъола-интернаты ахуырдзаутӕ хайад райсдзысты акци "Ӕнӕмӕлгӕ полк "-ы, уыдон рахӕсдзысты сеʻмзӕххонты портреттимӕ ирон хъайтарты хуызисттӕ, хъусын кӕны 15 регион.

Ӕнӕмӕлгӕ полк Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Ӕнӕмӕлгӕ полк" Хуссар Иры: акци ӕртымбыл кодта фондз мин адӕймагӕй фылдӕр

Ахуырдзаутӕ райдыдтой сӕхи цӕттӕ кӕнын цыдмӕ. Скъолайы директоры хӕдивӕг радзырдта, скъоладзаутӕ сахуыр кӕндзысты ирон хъайтарты цардвӕндӕгтӕ, кӕцытӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты "Золотая Звезда".

Цыд ацӕудзӕн Уэлены сӕйраг уынгыл.

Нысан ӕрцыд, чукоткӕйаг ахуырдзауты тынг фӕнды бабӕрӕг кӕнын Ирыстон, кӕцыимӕ фӕсаууонмӕ базонгӕ сты патриотон клуб "Родина"-йы проектты архайды фӕрцы.

Ног хабӕртты лентӕ
0