Хуссар Ир ӕрсидт Италимӕ банымайын республикӕйы хӕдбардзинад

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæ Рим
 Рим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Италийы хицауадмӕ куырдиат уыд Хуссар Ирыстоны ФХМ минӕвар Мауро Мурджиайы нотӕйы

ЦХИНВАЛ, 29 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Италийы хицауадӕн ис фадат банымайын Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад, фехъусын кодта официалон нотӕйы Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) минӕвар Италийы Мауро Мурджиа.

Хуссар Ирыстоны дипминӕвары куырдиат мыхуыргонд ӕрцыд йӕ фарсыл Facebook-ы.

"Банымайын Хуссар Ирыстоны хӕдбар паддзахадӕй Иугонд Нациты Организацийы хайадисӕг бӕстӕтимӕ иумӕ", - ӕрсидт дипломат.

Мауро Мурджиа бахахх кодта, зӕгъгӕ, ацы куырдиат у Европӕйы бӕстӕтӕм.

Мауро Мурджа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мауро Мурджа: италиаг адӕммӕ ис стыр цымыдис Хуссар Ирмӕ

Афтӕ ма дипминӕвар банысан кодта, италиаг ӕмӕ хуссарирыстойнаг горӕттӕн кӕй ис хӕларадон ахастытӕ, ӕмӕ уый у фыццаг къахдзӕф ӕхсӕнпаддзахадон ӕмгуыстады райрӕзтмӕ культурон ӕмӕ экономикон фадгуыты.

Италийы 10 регионӕй фылдӕр бафыстой ацы протоколтӕ, фӕстӕгтӕй иутӕ уыдысты – Рандаццо ӕмӕ Градарайы хъӕу. Ацы хъӕппӕристӕ здӕх сты Хуссар Ирыстоны ӕхсӕнадӕмон изоляцийӕ рахизын кӕнынмӕ.

Хуссар Ирыстоны ФХМ минӕварад архайы Италийы 2016 азӕй фӕстӕмӕ, йӕ баконд уыд дыууӕ бӕстӕйы минӕвӕртты ӕртӕазон куысты фӕстиуӕг.

2015 азы горӕт Цхинвал ӕмӕ Италийы цалдӕр горӕты хсӕн бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырдтӕ. Афтӕ ма италиаг ӕмӕ хуссарирыстойнаг партитӕ фидар кӕнынц ӕмгуыстад.

Ног хабӕртты лентӕ
0