Сæнайы хохмæ сцыд: Хуссар Иры альпинисттæ басастой Кавказы бæрзонддæр хæхтæй иу

© Из архива Гарри МулдароваСæнайы хохмæ сцыд
Сæнайы хохмæ сцыд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сæнайы хох æвæрд у 5033,8 метры бæрзæндыл, уырдæм къорд æхсæз адæймаджы скондæй хызт фондз боны дæргъы

ЦХИНВАЛ, 27 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры альпинистты къорд схызт Цæгат Ирыстоны æппæты бæрзонддæр Сæнайы хохы цъуппмæ. Хохы бæрзæндмæ къорд цыд фондз боны, фехъусын кодта Sputnik сцыды архайæг, парламенты депутат Мулдарты Гарри.

© Из личного архива Марата БагаеваСæнайы хохмæ сцыд
Сæнайы хохмæ сцыд: Хуссар Иры альпинисттæ басастой Кавказы бæрзонддæр хæхтæй иу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сæнайы хохмæ сцыд

Сцыд снывонд кодтой Хуссар Иры паддзахадон тырысайы бонæн. Сæнайы хох æвæрд у 5033,8 метры бæрзæндыл.

"Хохы бæрзæндмæ къорд цыд фондз боны дæргъы туаггуыры цухдзинад æмæ хæххоны низы фæзынды тасимæ. Дыккаг хатт уыдтæн ацы хохы бæрзæндыл, раст иу азы размæ сцыды рæстæджы мах баййæфтам асæст боныгъæд, фæлæ ацы хатт боныгъæд дæр немæ æмдзу кодта – иттæг хорз зындысты Хуссар Иры хæхтæ æмæ Эльбрус" , - загъта Мулдарты Гарри.

Альпинистты къорды сконды уыд 6 адæймаджы, се ʻхсæн чызг Джиоты Ирэн дæр.

"Хохы бæрзæндыл æрсагътам Хуссар Ир æмæ УФ паддзахадон тырысатæ, скуывтам дыууæ бæстæйы размæцыдæн", - загъта Sputnik сцыды архайæг, МХМ æххуысгæнæг Багаты Марат.

Сцыды архайджыты фылдæр бæрц уыдысты тыхон структурæты минæвæрттæ. Балц арæзт æрцыд президент Бибылты Анатолийы хæслæвæрдмæ гæсгæ æмæ Ӕдасдзинады советы сæрдар Уалыты Валерийы æмархайдæй.

© Из личного архива Марата БагаеваСæнайы хохмæ сцыд
Сæнайы хохмæ сцыд - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/5
Сæнайы хохмæ сцыд
© Из личного архива Марата БагаеваСæнайы хохмæ сцыд
Сæнайы хохмæ сцыд - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/5
Сæнайы хохмæ сцыд
© Из личного архива Марата БагаеваСæнайы хохмæ сцыд
Сæнайы хохмæ сцыд - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/5
Сæнайы хохмæ сцыд
© Из личного архива Марата БагаеваСæнайы хохмæ сцыд
Сæнайы хохмæ сцыд - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/5
Сæнайы хохмæ сцыд
© Из личного архива Марата БагаеваСæнайы хохмæ сцыд
Сæнайы хохмæ сцыд - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/5
Сæнайы хохмæ сцыд
1/5
Сæнайы хохмæ сцыд
2/5
Сæнайы хохмæ сцыд
3/5
Сæнайы хохмæ сцыд
4/5
Сæнайы хохмæ сцыд
5/5
Сæнайы хохмæ сцыд
Ног хабӕртты лентӕ
0