Фатертæ, лагерь æмæ картоф: Дзауы районы фӕстиуджытӕ ӕмӕ нывӕзтытӕ

© Sputnik / Наталья АйриянДжиоты Андрей
Джиоты Андрей  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Районы хистæр радзырдта журналисттæн, ацы бынаты цы цыбыр æмгъуыд кусы, уыцы рæстæг ын цы бантыст æмæ æрбалæугӕ азы уæлдай хъусдард цæмæ здæхт цæудзæн, уыдӕтты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры Дзауы районы хистæр Джиоты Андрей хатдзæгтæ скодта ацæугæ азæн æмæ базонгæ кодта журналистты 2020- 2021 æзты нывæзтимæ.

Мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты пресс-центры Джиоты Андрей радзырдта, районы 18 бинонтæ кӕй райсдзысты ног азы къæсæрыл фатертæ, æппæт гуырахстæй скусдзæн донхосгæнæндон, ӕрбалæугæ азы та сараздзысты лагерь сывæллæттæн.

Цард денджызы æмвæзадæй 1 600 метры бæрзонддæр

Джиоты Андрей Дзауы районы сæргъ слæууыд 2019 азы марты. Уый сарæзта афæлгæст 2019 азӕн – районы иуварс кодтой æрдзон бæллæхтæ, сцалцæг кодтой 26 километры фæндæгтæ хъæутæм.

"Дзауы район фылдæр бæрцæй у хæххон бынат, ам фæндагарæзтад никуы лæууы. Иу стыр къæвда та раууатмæ æркæны фæндаджы уæлцъар. 2020 азы арæзт цæудзысты ноджы фæндæгтæ - Хъемултайæ Сохтæм, Дзалабет-Синагур -Теделет, Урс Туалты коммæ, хидтæ æмæ æндæр арæзтадтæ", - загъта Джиоты Андрей.

Уый ма баныфсӕвæрдта, ӕрбалæугæ азы кӕй балхынцъ уыдзæн Къуаисамæ трассæйы арæзтад дæр.

"Вазыгджын трассæ у, бирæ дзы бахъуыд быцæутæ аразын, æгæрыстæмæй ма йыл уыдзæн рухсытæ дæр. Стæй ма 2020 азы Транскамы фадыг - Дзауы поселочы хайы фæндагыл дæр цæудзæн цалцæггæнæн куыстытæ, сараздзысты донлæдæрсæнтæ, науæд тæрккъæвда бырон фæндагмæ ласта", - радзырдта районы къухдариуӕггӕнӕг.

Джиоты Андрей ма банысан кодта, хицауады раздæры сӕрдар Хуыгаты Ростикы хæрдзтæй Къуаисамæ хæстæг цы донхосгæнæндон арæзт æрцыд, уым ма кӕй ис бацаразинæгтæ.

"Аразгæ йæ инвестор скодта, фæлæ йæ дзы пайда та кæндзысты адæм. Дон æм æруагътой 4 километры дæртдзæфæй. Чысыл ма дзы ис бацаразинæгтæ", - банысан кодта Джиоты Андрей.

Донуадзæн завод Едысы - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Удæгас дон": Хуссар Иры бæрзонд хæххон хъæуы аразынц доны завод

Районы хистæр ма журналистты базонгæ кодта, 2020 азы районы цы арæзт цæудзæн, уыцы нывӕзтимӕ.

"Инвестицион нывæзтмæ гæсгæ, районы æввахс æзты ноджы самайдзысты дыууæ бирæуæладзыгон хæдзар. Арæзт æрцæудзæн 150 адæймагыл нымад сывæллæтты лагерь, йæ бынат равзарыны фарст ныртӕккӕ цæуы скъуыддзаг, уый уыдзæн Мзиугомы, науӕд та поселокæн йæхи мидæн. Стæй ма Дзауы улæфæндон саразыны цымыдис æвдисы инвестор дæр, фæлæ фарст нырма скъуыддзаг нæу", - бафтыдта уый.

 Афтӕ ма Джиоты Андрей фехъусын кодта, фидæн азмæ кӕй бацæттæ кодтой картоф садзынæн быдыртæ.

"Районы администраци бахуым кодта ӕхсӕз гектары зæххытæ, æрбахатыдысты нæм фæллойгæнджытæ дæр Едыс, Ерман, Машхара, Чеселтæй, цæмæй сæм фæкæсæм картофы быдыртæ скæнынмæ", - бафтыдта уый.

Администрацийы сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕддæппæтæй районы ис 14 фермерон хæдзарады, уыдонæй фараст кæнынц фосы куыст, дыууæ дарынц кæсаг, аннæтæ кусынц халсарыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0