Гергиты Валерий ауадздзӕн цалдӕр концерты Венӕйы

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæГергиты Валерий
Гергиты Валерий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Январы маэстро ауадздзӕн цалдӕр ралӕуды Венӕйы паддзахадон оперӕйы - дунейы рагондӕр музыкалон центртӕй иуы

ЦХИНВАЛ, 9 янв - Sputnik. Дирижер Гергиты Валерий ауадздзӕн цалдӕр концерты Венӕйаг филармонион оркестримӕ, хъусын кӕны Мариинаг театры пресс-службӕ.

Хуссар Иры президент схорзæхджын кодта Гергиты Валерий æмæ Мариинаг оркестры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент схорзæхджын кодта Гергиты Валерий æмæ Мариинаг оркестры

Спектакль "Лоэнгрин" 2014 азы Андреас Хомокийы ӕвӕрдӕй Венӕйаг оперӕйы Гегриты Валерий сӕххӕст кӕндзӕн 9, 12, 16 ӕмӕ 19-ӕм январы.

"Гергиты Валерий ӕмӕ Венӕйаг паддзахадон оперӕйы ӕмгуыстад кӕнынц ныр цалдӕр азы. Маэстройӕн бирӕ ралӕудтӕ уыд театры оркестримӕ гастролон турты", - нысан цӕуы хъусинаджы.

Венӕйы концертон серийы фӕлгӕтты ма Гергиты Валерий ауадздзӕн ралӕудтӕ Венӕйаг филармонион оркестримӕ 10, 11 ӕмӕ12 -ӕм январы Музикферайны Сыгъзӕрин залы, 14-ӕм январы та Концертхаусы Стыр залы. Концерты айзӕлдзысты уӕрӕсейаг композиторты уацмыстӕ.

Венӕйаг мадзӕлтты фӕстӕ маэстро адарддӕр кӕндзӕн йӕ гастрольтӕ Европӕйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0