Актеры номарæн: Багаты Георгийæн ныффæлдыстой суадон

© Sputnik / Фатима ПлиеваБагаев Георгий
Багаев Георгий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Номарæн доны гуырæн фæзынд Къуаисамæ фæндаггæрон, йæ райгуырæн хъæу Хъемултамæ хæстæг

ЦХИНВАЛ, 13 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист, ПДТ курдиатджын актер Багаты Георгийæн трассæ Цхинвал-Къуайсайы фæндаггæрон йæ бинонты хъæппæрисæй ныффæлдыстой суадон.

Фæлдыст суадон фæзынд курдиатджын актерæн йæ райгуырæн хъæу Хъемултамæ хæстæг. Ирон адæммæ суадоны фæлдисыны æгъдау ис раг замантæй, суадон фæлдыстой уæлдай дырддзæугæ æмæ кадджын адæмæн.

"Мæ фыды фæндыд ныффæлдисын суадон. Трассæйыл нæ хъæумæ хæстæг ис æрмæстдæр ацы доны гуырæн. Амайгæ йæ скодтон мæхæдæг, фæлæ мын арæзтадæн баххуыс кодтой хъæубæстæ, æмгæрттæ, Цхинвалы сыхæгтæ æмæ трассæйы фæндагаразджытæ. Фæндыд нæ æгъдаумæ гæсгæ уый сцæттæ кæнын йæ афæдзы бонмæ, фæлæ чысыл фæфæстиат стæм", - радзырдта Багаты Георгийы æфсымæр Олег.
Цхинвалы ацыд актер Багаты Георгий мысæн изæр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ацыд актер Багаты Георгийы мысæн изæр

Багаты Георгийы Хуссар Иры бахъуыды кодтой курдиатджын актерæй, куыстыл æнувыд лæгæй, диссаджы юморист, рæстдзинад уарзаг адæймагæй. Хуссар Иры паддзахадон драмон театры сценæйыл сæххæст кодта дæсгай фæлгонцтæ.

Остъаты Аланимæ сфæлдыстадон тандем Кошты Къостайы къухдариуæгадæй райгуырын кодта Хуссар Иры иууыл уарзондæр алæвæрттæй иу - "Сасинка æмæ Ладикъо". Багаты Георгий ма уыд арæхстджын спортсмен дæр - хъазыд футболон клубы сконды.

Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Багаты Георгий ахицæн йæ цардæй 2018 азы 47-аздзыдӕй уӕззау низы фӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0