Уæлвæткон уавæрты рæстæгмæ: Цхинвалы сараздзысты паддзахадон фæстауæрцæн ангар

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арæзтадæн хицæн æрцыд 38 милуан сомы, уыдонæй 1,9 милуан йæ проект саразынæн. Фæрæзтæ æвæрд сты инвестицион нывæзты

ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азæмæт. Хуссар Ирыстоны арæзтады министрад фæнд кæны саразын агъуыст паддзахадон фæстауæрцæн. Проектмæ гæсгæ, объект, кæцы бацахсдзæн 1,5 километры фæзуат, сараздзысты Хъахъхъæнынады министрады бæстыхæйттæм хæстæг, фехъусын кодта Sputnik уагдоны кусæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, аразтад цæудзæн 2020-æм азы, эксплуатацимæ йæ ратдзысты азы кæрон.

Цхинвалы бавнæлдтой æртыккæгæм скъолайы арæзтадмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Иу уæладзыг бæрзонддæр: Цхинвалы бавнæлдтой æртыккæгæм скъолайы арæзтадмæ

"Ныридæгæн гæххæттытæ сты экспертизæмæ, куыстытæм бавналдзысты, куыддæр проекты фæдыл æвæрццаг хатдзæг æрцæуа, афтæ. Паддзахдон резервы хатæнтæ дих уыдзысты секцитыл æмæ дзы уыдзæн хъарм. Проект райста УУМ разыдзинад, куыстытæ фæуыдзысты 2020 азы кæрон", - загътой уагдоны.

Арæзтадæн хицæн æрцыд 38 милуан сомы, уыдонæй 1,9 милуан йæ проект саразынæн. Фæрæзтæ æвæрд сты инвестицион нывæзты.

Амæй размæ уæлвæткон уавæрты рæстæгмæ æнæмæнгхъæуæг продукттæ æмæ æрмæджы резерв скæныны тыххæй дзырдта раздæры УУМ министр Тадтаты Алан.

Ног хабӕртты лентӕ
0