"Ты супер!": райдыдта сывæллæтты вокалон конкурсы цыппæрæм сезон

Рафыссын
Дыууæ азы æмгъуыдмæ проект феххуыс ис 100 сывæллонæн раргом кæнын сæ вокалон фадæттæ æмæ музыкæйы фыццаг къахдзæфтæ скæнынæн

ЦХИНВАЛ, 30 янв - Sputnik. Телеканал НТВ æмæ Ӕхсæнадæмон информацион агентад æмæ радио Sputnik хъусын кæнынц ӕхсӕнадӕмон музыкалон конкурс "Ты — супер!"-ы цыппæрæм сезоны кастингы райдайæны тыххæй. Пректы архайыны бар ис курдиатджын сывӕллӕттӕн, кӕцытӕ аззадысты ӕнӕ ныййарджыты ӕвджидӕй.

Плиты Лана - Sputnik Хуссар Ирыстон
Плиты Лана Хуссар Ирыстонӕй хайад райсдзӕн конкурс "Ты супер!"-ы

Конкурсон æвзæрст цæуы раздæрау: проекты архайджытæ уыдзысты сывӕллӕтты хӕдзӕртты ӕмӕ скъола-интернатты хъомылгӕнинӕгтӕ, афтӕ ма 7-18 азы кары сывӕллӕттӕ сидзӕрхӕссӕг бинонтӕй Уæрæсейы æппæт горæттæй.

Кастингы хайад райсынæн хъæуы электронон адресыл Sputnik редакцимæ арвитын:

  1.  Видео, цы ран хайадисæг йæхи зонгæ кæны (кар, ном, мыггаг, горæт, цæрæн бынат æмæ статус – интернат, сывæллæтты хæдзар æмæ афтæ дарддæр) æмæ йæ ралæудты цалдæр видеойы, сæ нымæцы конкурстæй.
  2.  Куырдиат.

Фыццаг æвзарæн туры хатдзæгтæ мыхуыр æрцæудзысты 2020 азы уалдзæджы.

Ӕхсӕнадӕмон музыкалон сывæллæтты конкурс "Ты — супер!"-ы премьерæ ацыд НТВ эфиры 11 февралы 2017 азы.

Надежда Ватаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уататы Надежда ацæудзæн Ирыстонæй проект "Ты супер! Танцы"-мæ

Йæ хайадисджытæ сты бирæнымæц сывæллæтты музыкалон, сæ нымæцы æхсæнадæмон конкурсты уазджытæ.

Конкурс "Ты — супер!" реализаци цӕуы Уӕрӕсейы ахуырад ӕмӕ зонады министрады ӕххуысӕй. ХПӔ-бӕстӕтӕ ӕмӕ Балтийы тыгъдады музыкалон курдиӕттӕ ӕвдыст уыдзысты 9 бӕстӕйӕ сывӕллӕттӕй, уыйдон нымӕцы Сомихстон, Беларусь, Гуырдзыстон, Молдовӕ, Казахстан, Кыргызстан ӕмӕ Эстони.

Ног хабӕртты лентӕ
0