Ӕмгуыстады тыххӕй: Медойты Дмитрийӕн радтой Уӕрӕсейы ФХМ хорзӕх

© Sputnik / Natalia Airiyan Медойты Дмитрий
 Медойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УФ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Сергей Лавров арвыста арфӕйы тел йӕ хуссарирыстойнаг коллегӕ Медойты Дмитрийӕн йӕ юбилейы цытӕн

ЦХИНВАЛ, 15 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрийӕн радтой Уӕрӕсейы ФХМ риуылдарӕн нысан "За взаимодействие". Уый тыххӕй министры 60-азон юбилейы цытӕн йӕ арфӕйы телы фехъусын кодта уӕрӕсейаг ӕддагполитикон уагдоны сӕргълӕууӕг Сергей Лавров.

"Стыр ӕхсызгонӕй хъусын кӕнын, дыууӕ бӕстӕйы хсӕн ахастыты райрӕзтмӕ, афтӕ ма Фӕскавказон регионы сабырад ӕмӕ стабилондзинад бахъахъхъӕныны хъуыддагмӕ стыр хайбавӕрды тыххӕй хорзӕхджын цӕуыс министрады риуылдарӕн нысан "За взаимодействие"-йӕ", - дзырдӕуы арфӕйы телы, кӕцы мыхуыр ӕрцыд ФХМ сайтыл.

Лавров навдыста ныфс, дыууӕ бӕстӕйы дипломатон уагдӕтты хсӕн конструктивон ӕгуыстад дарддӕр дӕр кӕй рӕздзӕн.

Медойты Дмитрий – республикӕйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр ӕмӕ Хуссар Ирыстоны фыццаг минӕвар Уӕрӕсейы – майрӕмбоны нысан кӕны йӕ 60-азон юбилей.

Ног хабӕртты лентӕ
0