Куыд аразгæ у видео: Sputnik ауагътой вебинар журналисттæн

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæКуыд аразгæ у видео: Sputnik ауагътой вебинар журналисттæн
Куыд аразгæ у видео: Sputnik ауагътой вебинар журналисттæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сайт Ruptly-йы уӕрӕсейаг версийы редактор Мария Дьяконова радзырдта журналисттӕн æмæ суденттæн куысты сусӕгдзинӕдтӕ, равдыста кӕцыдӕр цӕттӕ видеотӕ, хъусдард аздæхта æвæрццаг æмæ зæрдæмцæугæ хæйттæм

ЦХИНВАЛ, 22 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дыууӕ сахаты бӕрц ахаста Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад ӕмӕ радио Sputnikы вебинар "Как "запилить" видео и найти свою целевую аудиторию?" видео саразыны фӕдыл æмæ йæ апарахаты фæдыл.

Сайт Ruptly-йы уӕрӕсейаг версийы редактор Мария Дьяконова радзырдта журналисттӕн æмæ суденттæн куысты сусӕгдзинӕдтӕ, равдыста кӕцыдӕр цӕттӕ видеотӕ, хъусдард аздæхта æвæрццаг æмæ зæрдæмцæугæ хæйттæм.

SputnikPro - Sputnik Хуссар Ирыстон
Пандемийы уавӕрты проект SputnikPro адарддӕр кӕндзӕн йӕ куыст онлайн-режимы

Иу сахат ӕмӕ 40 минуты дӕргъы дзырд цыд видеойæн йæ хронометраж, музыкайы равзӕрст, стæй ма телеуынынады ӕмӕ ӕндӕр ресурстӕй райсгӕ ӕрмӕг мыхуыры бартыл. Вебинары архайӕг журналисттӕ фыстой сæ фарстытӕ. Дзыллон информацийы фӕрӕзты цымыдис кодта цы программæтæй хуыздæр у пайда кæнын видео аразгæйæ, коронавирусы апарахаты дуджы къуындæг авналæнты куыд ис гæнæн сисын видео æмæ æндæр тематæ.

Спикеры хъуыдымӕ гӕсгӕ, тынг популярон сты сырдтимæ видеотæ, сæ нымæцы гæдытæ æмæ куыйтимæ. Мария Дьяконовайы хъуыдымæ гæсгæ, ахсджиаг у видеойы æмбæлон музыка равзарын.

"Цы фæнды видеомæ кæсгæйæ æз арæхдæр бахъуыды кæнын йæ музыка. Уымæ гæсгæ йын йæ равзарынмæ дæр аздахын уæлæмхас хъусдард. Фылдæр бæрцæй уый бафтауын фæстаг этапыл. Хаттæй –хатт вæййы афтæ æмæ видеойы уый бæрц æнкъарæнтæ вæййы æмæ дзы музыка у уæлдай, хуыздæр у мæ хъусой йæхи уынæр", - загьта уый.

Уый ма банысан кодта, видео цæттæгæнгæйæ хуыздæр у æмæ пайда кæнай хуымæтæг дзырдтæй, канцелярон æвзагыл сæ къух сиссой.

Вебинарæн иумæйагæй уыд афæлгæстон нысан, йæ организаторы фæндмæ гæсгæ кæцыдæр тематæ гæнæн ис æмæ суой хицæн вебинары тема, кæд журналисттæ равдисой цымыдис.

Ног хабӕртты лентӕ
0